Шалва Папуашвили – хъыгагæн, 2008 азы августы бирæтæ хуыздæрыл банымадтой цæст бацъынд кæнын, ацы агресси ницæмæ æрдарыны фæстиуæг у 214 æмæ 2022 азты Украина, хæсты рахаст Европæйы тæккæ астæумæ
Абон мысæм 2008 азы уырыссаг агрессийы фæстиуæгæн фæмардуæвджыты. 400-йæ фылдæр æфсæддон, пъæлицæйаг, хуымæтæг æмбæстаг амард, 2000-æй фылдæр цæфтæ , уый уыдис трагеди, кæцы бавзæрстам 15 азы размæ, – уый фæдыл парламенты сæрдар Шалва Папуашвили райхъусын кодта.
Папуашвилийы дзырдæй 2008 азы Гуырдзыстоны æрцæугæйыл цæст бацъынд кæнын расайдта 2014 æмæ 2022 аз Украинайы.
«Хъыгагæн, йеуæд бирæтæ хуыздæрыл банымадтой цæст бацъынд кæнын, цæйнæ фæлтау санкцитæ сфидар кæныны Уæрæсейæн, эмбарго сфидар кодтой Гуырдзыстонæн æхсæнгарз балхæдыл. Науæд та сын хъуамæ уыдаит карз политикæ Уæрæсемæ гæсгæ, иуæй-иутæ Уæрæсеимæ ахастытæ ногæй райдайын сфанд кодтой, иннæтæ стратегион хæтæлвæды арæзтад, æртыккæгтæ та хæстæйы дыууæ азы сæрыл, Сырх Фæзыл æфсæддон парадыл уыдысты уырыссаг æфсадимæ. Æвæццæгæн мах уыдыстæм æгæр чысыл æмæ æгæр кæройнаг бæстæ. Фæлæ 2008 азы ацы агресси ницæмæ æрдарыны фæстиуæг у 2014 æмæ 2022 азы Украина æмæ хæсты рахаст Европæйы кæронæй йæ тæккæ астæумæ. Нырид бирæ бæстæ бамбæрстой Уæрæсæейы агрессвион политикæйы мидис, фæлæ ныр æрмæст ныхæстæ æгъгъæд нал сты, ныр нысаниуæгджын у хъуыддаг. Гуырдзыстоны хæцынæй йæ хай цы уыдис, уый хæцыд, æмбарын, цæмæй æндæрты гæнæн ис хæст нæ фæнды, фæлæ хæсджын сты, ныр Украианйæн слæууой йæ фарсмæ, цæмæй уый ацы хæсты ма фембылд уа», – райхъусын кодта Папуашвили.