Шалва Папуашвили – иттæг нысаниуæгджын у, ма рцæуа  Гуырдзыстоны негативон дифференциаци Молдовæ æмæ Украинайæ, уымæн уый регионы  агрессоры раз æнæхъахъхъæдæй уадзы
Шалва Папуашвили – иттæг нысаниуæгджын у, ма рцæуа Гуырдзыстоны негативон дифференциаци Молдовæ æмæ Украинайæ, уымæн уый регионы агрессоры раз æнæхъахъхъæдæй уадзы

Румыни  Гуырдзыстоны суверенитеты æмæ  территорион æнæхъæндзинады иузæрдыг фарсхæцæг у.  Румыни  афтæдæр  регуляронæй акæнæг тых у  Гуырдзыстоны  европаг   æмæ евроатлантикон   тырнынадты  фарсхæцыны æрдгæй, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны  парламенты  сæрдар Шалва Папуашвили  Румынийы  Сенаты  дзырдæй  ралæуды рæстæджы   райхъусын кодта.

Папуашвилийы  дзырдæй,   зæгъгæ афон у, Евроцæдис æххæстæй  рахата  йæ  геополитикон   хъазæгы роль  æм йæ фарс рахæца уыцы  бæстæты  суверенон æвзæрстæн, кæцытæ историонæй   хауынц  европаг бинонтæм.

«Ивгъуыд азы  Гуырдзыстоны  европаг   перспективæ банымадæй,   евроцæдисимæ нæ ахастыты  ног   этап райдыдта, уымæн æмæ евроцæдисы  уæнгсуæвыны  ног   этапмæ ахызтыстæм. Фæлæ ныр, афон у  Евроцæдис рахæсса  ноджы иу  стратегион   уынаффæ  æмæ  ратта Гуырдзыстонæн кандидаты статус  æмæ райдайа  уæнгсуæвыны фæдыл   бадзырдтæ Гуырдзыстонимæ, Украина æмæ Молдовæимæ иумæ.

Абоны уавæрæй, иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй  мауал æрцæуа  Гуырдзыстоны негативон дифферциаци  Молдовæ æмæ  Украинайæн, уымæн æмæ  ахæм  дифференциаци нæ  фыдаудæнгæнджыты тыхджын кæны  æмæ регионы агрессоры раз  æнæхъахъхъæдæй  уадзы.  Румынийы  къухдариуггæнæг уæнгты æрдгæй Евроцæдис- Гуырдзыстоны ассоциацидзинады  бадзырды ратификацийы  цауы хуызæн,  курæг дæн мæ румынаг  партнертæй,  цæмæй  ноджы  иу хатт   разамынд кæнæт Гуырдзыстонæн Евроцæдисы,кандидаты  статус раттыны ацы историон процессæн.

Гуырдзыстон нæу  европаг   æдадсзинады æмæ  экономикон   дзæбæхдзинæдты  æрмæстдæр исæг, фæлæ  йын  куыд партнер бæстæйæн   стыр хайбавæрд ис   Европаг  æмæ  глобалон нысæнтты  сыххæсты, сæ нымæцы Африкæйы  евроцæдисы иумæйаг æдадсзинады æмæ  иргъæфы мисситы, кæнæ та дунейы æндæр æмæ æндæр рæтты  НАТО-йы  мисситæн стыр æххуыс ифтонгкæнынæй. Уыимæ ма,  куыд  «Астæу кæлидоры»  сегасдæр нысаниуæгджын   хай, Гуырдзыстон æууæнкджын æмæ   эффективон  маршрут у  европаг, сæ нымæцы  румынаг  хæдзæрттæм альтернативон   энергоресурсты ифтонг кæнынæй.  Уымæ æмбæлгæйæ дæр, Гуырдзыстонæн  бирæ  цыдæр банхъарын у йæ бон  европаг  фæразондзинад стынг кæнынæн», –  райхъусын кодта Папуашвили.