Шалва Папуашвили – искæцы бæстæимæ нæ куы барынц, уæд уый æвдисы аргумент сæм кæй нæй, фæнды сæ, адæймагы фегад кæнын, пропагандайы аслам трюук у
Æнæхъуаджы ныхас у, кæцыфæнды бæстæимæ дæр нæ куы абарынц, уый амоны, цæмæй сæм ницы аргумент ис, фæнды сæ адæмы æгад кæнын – расидтис парламенты сæрдар, Шалва Папуашвили .
Парламенты сæрдарæн лæвæрд æрцыд фарст ОБСЕ-йы, Стыр Британийы минæвары расидæны фæдыл, кæцыйы сиды, цæмæй Гуырдзыстон хъуамæ фæурома адæймаджы барты хæлд, уымæн æмæ уыцы къуымæй бæстæйы уæззау уавæр ис æмæ Гуырдзыстон, Белорусимæ æнгæс кæны, кæцыйы фæдыл Шалва Папуашвили банысан кодта: «Уый æнæхъуаджы ныхас кæны, кæд æмæ ахæм ныхас загъта».