Шалва Папуашвили – Илья Дыккагы ролæн Гуырдзыстоны ногдæр историйы нырид ис аргълæвæрд куыд уникалон, йæ сзгуыхтдзинад у уый, цæмæй аргъуан уыдис æмæ ныр дæр у нæ æмбæстæгты фидауынгæнæг
Илья Дыккагы роль Гуырдзыстоны æввахсдæр историйы нырид райста аргълæвæрд, куыд уникалон æмæ историон – афтæ фыссы Гуырдызстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккагы интронизацийы 46-æм юбилейы фæдыл.
Парламенты сардар куыд банысан кодта афтæмæй, сæрмагондæй Илья Дыккагы сгуыхтдзинад у уый, цæмæй аргъуан, нацийы удон интерестыл аудындзинадимæ иумæ, уыдис æмæ у гуырдзиæгты фидауынгæнæг æмæ цыфæнды æнæразыдзинады нейтрализацигæнæг.
«Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх Илья Дыккагы интронизацийæ 46 азы рацыд. Историон у нæ уарзон Патриархы роль гуырдзиаг нацийы удон цардмæ раздæхыны æмæ стынг кæныны хъуыддаджы. Интронизацийы рæстæджы йæ дæлбар лæвæрд уыд 15 епархийы архайæг 30 аргъуан, кæцыты цалдæр дæсой епископ æмæ сауджын архайдтой. Абон йе сгуыхтдзинады фæрцы Гуырдзыстоны æмæ йæ арæнты æддæйæ 46 епархи, 2000 архайæг аргъуан æмæ 3000 сауджын-моладзан ис. Адон хуымæтæг цифрæтæ не сты, адон сты нæ удон, нæ идентондзинады бындур. Илья Дыккагы ролæн Гуырдзыстоны ногдæр историйы нырид уыдис аргълæвæрд куыд уникалон æмæ историон. Алчи йæ зæрдыл хъуамæ дарæт цæмæй Илья Дыккагы сгуыхтдзинад у уый цæмæй аргъуан, нацийы удон интерестыл аудындзинадимæ иумæ, уыдис æмæ у гуырдзиæгты фидауынгæнæг æмæ цыфæнды æнæразыдзинады нейтрализацигæнæг», – фыссы Шалва Папуашвили.