Шалва Папуашвили – Гуырдзыстоны цæрджытæм ис бар зонон, цавæр æхца æрцæуы  бæстæмæ æмæ хардз кæны  политикæмæ бандавыныл
Шалва Папуашвили – Гуырдзыстоны цæрджытæм ис бар зонон, цавæр æхца æрцæуы бæстæмæ æмæ хардз кæны политикæмæ бандавыныл

Гуырдзыстоны ццæрджытæм ис бар, зоной  цавæр æхца  æрбацæуы  бæстæмæ æмæ  хардз кæны  политикон фарстатыл – уый фæдыл Гуырдзыстоны  парламенты сæрдар  Шалва Папуашвили  райхъусын кодта.

Папуашвилийы бафарстой   минæвæртты фидиуæнты тыххæй, кæцытæ  Евроцдисы æрдгæй  Гуырдзыстоны  хицауадæн   комкоммæ æххуыс  фæурæды фарстайы фæдыл уыдысты.

«Мах  хъуамæ  кæсæм, цæй  æфсонæн уыд хаст ацы  уынаффæ.   Æфсон у уый, цæмæй Гуырдзыстоны  цæрджытæ баинтерес сты, цæуыл хардз кæнынц  гранттæй  æрцæугæ  суммæтæ,  цы  нысæнттæн, кæцы  организацитæм цы суммæтæ æфты.   Суммæтæ  грантты  хуызæй  æрбафтынц  Францæй, Стыр Британийæ, Польшæйæ, Финляндийæ кæнæ Швецийæ, кæцы бæстæ дæр уæд. Ацы интерес  растæдар ацы реакци расайдта.  Баинтерес  стут? Не ргомдзинад   уæ кæд фæнды, уæд дам бынтон  нал рарвитдзыстæм суммæтæ.  Ахæм  позици у хъыгаг.  Элементарон фарста, кæцы у бындур   куыд бæстæйы мидæг райрæзтæн, афтæ  бæстæты æхсæн  ахастытæн, уый у  æргомдзинад.   Гуырдзыстоны  цæрджытæ, афтæ  куыд францæгтæн,  немыцæгтæн,  финнæгтæн, америкæгтæн, Стыр бритайнæгтæн, ис бар   зоной,  цавæр æхца  æрбафты  бæстæмæ æмæ  хардз кæны политикон   фарстатыл,  политикæмæ  бандавыныл æмæ а.д.  хъуамæ зона, цы  суммæ æрцæуы æмæ кæдæм  адих вæййы. Бæрæг куыд у афтæмæй, чидæр гуырдзиаг адæмы  ницæуыл дары», –  загъта  Шалва Папуашвили.