Шалва Папуашвили – Гуырдзыстоны æмæ Азербайджаны æхсæн стратегион партнерад у нымад, куыд иу балæй кусын
Премьер-министр Али Асадовимæ фембæлд мын уыд, фæныхас кодтам уыцы экономикон проекттыл, кæцыты иумæйагæй æххæст кæнæм, уыдис нын уынаффæ энергопроекттыл, кæцыты Азербайджæнæн нсаниуæнджын у Гуырдзыстоны фæрцы рæувадат уа Европаг базар æмæ иннæрдæм, Евоцæдисæн нысаниуæгджын у цæмæй йын уа диверсифициргонд энергоресурсты райст – уый фæдыл парламенты сæрдар Шалва Папуашвили райхъусын кодта.
Йæ дзырдæй, зæгъгæ Азербайджаны уагъд фембæлды рæстæджы ныхас афтæдæр уыд, уый нымæцы ног проектыл, кæцы Евроцæдисимæ иумæ цæуы æххæст Сау Денджызы.
«Абон фактиконæй алы къабазы къухдаиуæггæнæгимæ фембæлдыстæм, президентимæ, парламенты сæрдаримæ, премьер-министримæю ныхас ныны уыд регионон æдасдзинадыл, уыцы æнхъæлцытыл, кæцы мах алкæмæ ис стабилон сабырады æрдгæй Сомизыстоны æмæ Азербайджаны æхсæн. Мах оптимистон равгыл стæм, ома тагъд æрлæудзæн сабырдон бадзырд, кæцы райрæзын кæндзæн нæ регионы потенциал, фадæттæ нæ адæмтæн, цæмй фарн ноджы фæфылдæр уа нæ бæстæты. Уыцы деталон каст, кæцы нын уыд, равдисдзæн, цас æууæнкаг ахастытæ ис нæ бæстæты æхсæн, цас удцырын стæм дыууæдæр бæстæ, цæмæй нын уа стратегион партнерад» -райхъусын кодта Папуашвили.