Шалва Папуашвили – фыццаг  хатт, парламентæй  цæуы  æвзæрст адæймаг премьеры бынатмæ, уый æвдисы  цас æнæниз у «Картули Оцнеба» партионæй,  æндæр динамикæ ратдзæн  хицауад æмæ парламенты æхсæн ахастытæн
Шалва Папуашвили – фыццаг хатт, парламентæй цæуы æвзæрст адæймаг премьеры бынатмæ, уый æвдисы цас æнæниз у «Картули Оцнеба» партионæй, æндæр динамикæ ратдзæн хицауад æмæ парламенты æхсæн ахастытæн

Гуырдзыстоны  парламенты сæрдар Шалва Папуашилийы  фидиуæнæй, премьер-министры парламентæй  сывзарынæй бæрæг  ссис политикон системæ цас æнæниз  у, уый нымæцы    ног стандарттæ æмæ сæрмгаонд фæзынд у  гуырдзиаг  демократийы  райрæзтæн.

«Æххæст парламентон  системæмæ куы ахызтыстæм уый фæстæ,  парламентæй   æвзарæм   премьер-министры. Уый æвдисы  «Картули Оцнебайы» партион æнæнзиандзинад.   Афтæма уый цæмæй  раздæры премьер-министр ахсы партио пост  æмæ нырид  партион куыст дарддæр кæны.  Уыцы факт, цæмæй   фылдæрты лидер, парламенты раздæры  сæрдар,  парламенты фæлтæрд уæнг  снысан ис  премьер-министры постыл, сæрмагонд  фæзынд у  нæ  демократийы  æмæ демократийы райрæзтæн.

Мæ хъуыдымæ гæсгæ, уый  сæрмагондæй  цымидисон момент хъуамæ уа оппозицийæн, уымæн æмæ коллегæ, кæцыимæ  сын азты дæргъы уыдис ахастытæ,  гæнæн ис   карз  дебаттæ  дæр, фæлæ ацы дебатты иннæ  фарс кæддæриддæр ис адæймагон ахастытæ дæр. Ацы ахастытæй, ацы дебатты  фæлтæрддзинадæй уыдзæн  премьер-министр æмæ уый æндæр динамикæ ратдзæн  хицауад æмæ  парламентæн, уый нымæцы  парламентон оппозици æмæ хицауады  æхсæн ахастытæн», – загъта Шалва Папуашвили  «Квирис Моамбейæн».

Парти «Картули Оцнеба» фыццаг  февралы, радæй  æстæм æмбырд ауагъдта.  Æмбырдыл  Ираклий Гъарибашвили партийы сæрдарæй  сывзæрстой.  Афтæма, хицаугæнæг парти  премьер-министртæм кандидатæй Иракълэ Къобахидзейы  официалонæй раразмæ кодта.