Шалва Папуашвили фембæлдис Узбекистаны Республикæйы премьер-министримæ
Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Папуашвили Шалва Узбекистаны Республикæйы премьер-министр Абдула Ариповимæ фембæдис. Информацийы Гуырдзыстоны парламенты пресскуыст хъусын кæны. Афтæма сæ хъусинагæй, фарсытæ банысан кодтой, цæмæй дипломатон ахастыты 30 азы сæрыл дыууæ бæстæйы æхсæн æмгуыстад æнтыстджынæй райрæзтис.
«Шалва Папуашвили йæ хъусдард раздæхта парламентон æмгуыстадыл æмæ æмгарады къордты æхсæн цæдистæм. Фарсытæ фæныхас кодтой дыууæдæр регионы транспортон-транзитон нысаниуæгыл, базарады «астæу къæлидоры» потенциалы реализацийæн. Ацы контексты афæлгæстой экономикон, энергетикон, уæлдæфон-æфсæнвæндагон транспорты сферæты æмгуыстад æмæ проекттæ.
Афтæма æркастысты Гуырдзыстоны Узбекистаны минæварады байгомы фарста.
Фембæлд ацыд Централон Азийы регионмæ Шалва Папуашвилийы æмæ йемæ уæвæг парламентон делегацийы цæугæ официалон визиты фæлгæтты» банысангонд у парламенты пресскуысты информацийы.