Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили Гуырдзыстоны Швецийы ногнысангондт минæвар Анна Либергимæ фембæлдис.
Фарсытæ бахахх кодтой Гуырдзыстоны æмæ Швецийы æхсæн бирæазон фæстиуæгджын æмгуыстад. Шалва Папуашвили йæ хъусдард раздæхта Швецимæ сæххæст æнтыстджын официалон визитмæ.
Шалва Папуашвили раарфæ кодта Швецийæн Гуырдзыстонæн политикон фарсхæцыны тыххæй æмæ бæстæйы демократон æмæ экономикон райрæзтæн æххуысы тыххæй
Фарсытæ фæныхас кодтой Гуырдзыстоны прогрессыл Евроцæдисы уæнгсуæвыны фæндагыл.
Швецийы сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæвар йæхи æрдгæй загъта, цæмæй Швеци цæттæ у йæ фарс рахæца Гуырдзыстоны евроцæдисы уæнг суæвыны фæндагыл.