Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили Японийы минæвæртты палатæйы сæрдар Хироюки Хосодаимæ фембæлдис.
Фембæлдыл бахахх ис уыцы факт, ома ацы аз Гуырдзыстон æмæ Японийы æхсæн дипломатон ахастыты 30-æм азы сæр у æмæ позитивон аргъ уыд лæвæрд фæстаг азты Япони-Гуырдзыстон ахастыты рæзгæ динамикæ.
Шалва Папуашвили раарфæ кодта Японийæн, Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадæн, Гуырдзыстоны ИНО-мæ бавдыст резолюциты æмспонсордзинады æмæ оккупацигонд регионыт нæбанымады политикæ уадзынæн хъæддых фарсхæцыны тыххæй.
Фембæлдыл ныхас уыд Украинайы ныхмæ Уæрæсейы агрессийы æмæ йæ геополитикон æм социалон-экономион фæстиуджытыл. Дыууæдæр фарс хаххгондæй банысан кодтой æхсæнадæмон барады фундаментон принципты æмæ фæткæвæрдыл бындурæвæрд æхсæнадæмон сæрфадæн цыткæныны æнæмæнгхъæуындзинад.
Фарсытæ фæныхас кодтой парламентон æмгуыстадыл æмæ æрдзырдтой хæларады къордты æмæ секторон комитетты æхсæн цæдистæ стынг кæныны фæдыл.
Фембæлд Шалва Папуашвили æмæ парламентон делегацийы Японимæ кусæн визиты фæлгæтты ацыд.