Шалва Папуашвили фембæлд Арарат Мирзоянимæ
Шалва Папуашвили фембæлд Арарат Мирзоянимæ

Парламенты сæрдар Шалва Папуашвили фембæлд Сомихы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Арарат Мирзоянимæ. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны парламент парахат кæны.

Парламенты расидæнмæ гæсгæ, рабадтыл банысан ис, цæмæй Гуырдзыстон æмæ Сомихыстоны хицауадты, парламентты, æмæ адæмты æхсæн æмахастытæ фидар сты, кæцы фæбæрæг ис ивгъуыд азы ахастыты стратегион æмвæзадмæ схизыныл.
Шалва Папуашвили бахахх кодта бæрзонд æмвæзады визитты позитивон динамикæ, кæцытæ бæлвырд кæнынц дыууæ бæстæйы æхсæн интенсивон ахастытæ.
Фылдæр хъусдард здæхт уыд активон æмæ æнтыстджын парламентон æмгуыстадмæ, куыд сæрдарты æхсæн, афтæ комитетты æмæ хæлардзинады къордты æхсæн дæр.
Æмбырды ма æрдзырдтой, регионы ныртæккæ цавæр хабæрттæ цæуы, уыдоныл дæр. Арарат Мирзоян расидтис, зæгъгæ, Вашингтоны Сомих æмæ Азербайджаны æхсæн инициргонд сабырадон бадзырд ныридæгæн радта къорд практикон фæстиуджытæ æмæ бадзырд кæронбæттæн бафыссыны фæдыл цæуынц бадзырдтæ. Афтæ дæр банысан кодтой Сомихыстон æмæ Туркы æхсæн ахастыты позитивон динамикæ. Фембæлды банысан кодтой, цæмæй Хуссар Кавказы регионы æндыгъддзинады период фæцис æмæ райдайы ног фадæтты дуг, кæцы регионæн æрхæсдзæн стыр пайда», -ис фыст информацийы.ахастыты стратегион æмвæзадмæ схизыныл.
Шалва Папуашвили бахахх кодта бæрзонд æмвæзады визитты позитивон динамикæ, кæцытæ бæлвырд кæнынц дыууæ бæстæйы æхсæн интенсивон ахастытæ»-ис фыст информацийы.