Шалва Папуашвили – фараст къахдзæфы фæдыл кусын нырма декабры райдыдтам, ныр фæцæуæм уыцы архайадон планмæ гæсгæ, кæцыйы сфидар кодта Европæимæ интеграцийы хицауадон комисси
Кусæм уыцы архайдон планмæ гæсгæйæ, кæцыйы сфидар кодта Европæимæ интеграцийы хицауадон комисси, уым цы график, темæтæ æмæ къахдзæфтæ сты фыст, уыдонмæ гæсгæйæ архайæм, – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили Еврокомиссийы фараст рекомендацимæ гæсгæ фыццаг кусæн фембæлды размæ райхъусын кодта.
Афтæма йæ дзырдæй, абон ацы фембæлд уыдзæн растдæр уыцы кусæн форматы, кæцыйы хицаугæнæг бал ныхас кодта æмæ кæцыйы куыд оппозици афтæ æмбæстагон сектор уыдзысты баст.
«Зонут, цæмæй архайадон планы фыст ис уыцы кахдзæфтæ, кæцы ацы æрдгæй уыдзæн арызт. Хæдæгай, ацы æрдгæй ныридæгæн дзæбæх статистикæ ис Гуырдзыстонæн, уый нымæцы баиу кæнынмæ гæсгæ. Ныр та дезинформацийы ныхмæ тохы тыххæй куы зæгъæм, ам зонут, цæмæй фæсарæн хъуыддæгты министрад дары йæ хъус ацы фарстамæ, институцион хаймæ. Æмтгæй зæгъгæйæ дезинформаци æнæуый дæр зонут, цæмæй нæ хъусдарды центры ис æмæ йæ ныхмæ æрвылбойнонæй тох кæнæм нæ фидиуæнтæй дæр. Æндæр фарстатæ, куыд уын радзырдтон, куыд парламенты æмгуыстады деполяризаци, афтæ тæрхонон реформæйы фарстатæ, æвзарæнон фарстатæ, антикоррупцион æмæ специалон фæдагурæг куысты фарстатæ, алы уыцы фарста кæсæм абоны рабадтыл», – бафтыдта ма Шалва Папуашвили.