Шалва Папуашвили – фæсарæйнаг архайæг уæнгтæ, æнæхицауадонтæ æмæ медиа, демократон æрдзы фæхуыздæры бæсты, цæрджытæн байстой информиргонд политикон æвзæрст саразыны бар
Фæсарæйнаг архайæг уæнгтæ, æнæхицауадонтæ æмæ медиа, демократон æрдзы фæхуыздæры бæст, цæрджытæн байстой информиргонд политикон æвзæрсты бар – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили фыссы социалон хызагы.
Папуашвилийы дзырдæй, Гуырдзыстоны закъондæттынад дырыс тобæ кæны политикты æмæ партиты фæсарæнтæй финансдзинад.
«Ацы закъондæттæн нормæмæ гæсгæйæ, кæцыфæнды комкоммæ æви сусæг финансдзинад фæсарæнтæй æнæрмæст æнæлегитимон, фæлæ ма хуымæтæгæй æнæзакъонон у. Амæйразмæ иуæй-иу æнæхицауадон æргомæй райхъусын кодта, цæмæй хъавынц, закъон фехалын æмæ ма бакоммæкæсой фæсарæйна æндæвдады æргомдзинады закъонæн. Ахæм æргом нæуисæн ма ноджы дарддæр хæццæ кæны, æмæ паддзахадон хицаудзинадмæ быæусидт хæссы. Афтæмæй, фæсарæйнаг архайæг уæнгтæ, æнæхицауадонтæ æмæ медиа, демократон æрдзы фæхуыздæр ыбæсты æмсæр æвзарæнон æрдзы иуæй-иу политикон партийы пайдайæн анццайын архайынц, цæмæйдæр цæрджытæн байстой информиргонд политикон æвзæрст саразыны бар.
Ныр, æвзæрстыты датæ нæм куы фæхæццæ кæны, уавæр ноджы фæкарздæрис. «Картули Оцнбайы» амæйразмæ уагхд иртасæнмæ гæсгæйæ, 49-æй 19 æнæхицауадон организаци кæцытæ бынæттон æвзарæнон цæстдарджытæй уыд регистриргонд, комкоммæ баст сты оппозицион полити кон партитимæ. Ацы æргом цæдистæ уымæй бæрæг сты, æмæ ацы «цæстдарджыты» бындурæвæрджытæ, гамгеобайы уæнгтæ, къухдаруæггæнджытæ кæнæ æххæстгæнджытæ, иурæстæгонæй, политикон субъектты уæнгтæ сты кæнæ та сын æхца ывонд кæнынц уыдонæн. Уыдонæй бирæтæ, иурæстæгонæй критикæ кæнынц «Карули Оцнебайы» тиражир кæнынц хицаугæнæг партийы æфсон цы хæлдтытæ фæкодтой уыдоны фæдыл информаци, фæлæ æмбæхсынц оппозицион партиты æргом хæлдыттæ. Афтæмæй, ацы квазиæмбæстагон организацитæ, кæнæ та, политикон активистты къордтæ, сæхи æвисынц, «æвзæрстытæм цæстдарджытæй» æмæ уый бар бакодтой сæхи, ома «объекивон» æмæ «Нейтралон» вердикт рахæссой уый фæды, цæмæй куыд ацыд разæвзарæнон процесс æмæ хъæлæскæнын. Кæй зæгъын æй хъæуы уыдон сты иуфарсон æмæ æнæобъективон, кæцы æргом æмæ цæстæйуынгæ азар æвзæрын кæны нæ демократийæн» – фыссы Шалва Папуашвили.