Шалва Папуашвили – фæдагурæн комисситæй политикон истерийы сцырын кæныны ноджы иу архайд у, кæцы не мбæлы стихийæ фæстиуæгæн сырæзт уавæрмæ
Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвилийы аргълæвæрдæй, Шовы æрцæугæ стихион аары фæдыл парламенты фæдагурæн комиссийы саразыны æркуырд фылдæр политикон истериы саразыны архайд у.
Папуашвилйиы дзырдæй, зæгъгæ информаци райсынæн парламенты уæнгтæн ис æндæр æмæ æндæр инструменттæ, уый нымæцы ис депутатон фарст, кæнæ интерпелляцийы уагæй министрмæ фæсидт.
«Хъуамæ зæгъæт, цы фарстытæ сæм баззадис, цæуыл нæ райстой дзуапп? Иннæ – кæд сæм исты ис, ацы фарстатæн цас æнæмæнгхъæугæ у фæдагурæн комиссийы саразын. Мæнмæ гæсгæ, уый у фæдагурæн комисситæй радон политикон истерийы сцырын кæныны архайд. Парламенты уæнгтæм ис æндæр æмæ æндæр мæцъистæ, уыддзæн уый депутатон фарст, фæнды интерпелляци. Сæ бон у интерпеляцийæ фæсидын министрмæ æмæ алы фарстайыл йын раттæ фарстытæ, байхъусын дзуаппытæм. Уый тыххæй хъуыды кæнын, уый у фылдæр политикон истерийы сцырын кæныны ноджы иу архайд, кæцы не мбæлы ацы уавæрмæ, кæцы нын ис ацы стихийы тыххæй.
Мæ хъуыдымæ гæсгæ, политиктæ серьозонæй дæр æмæ фылдæр бæрнæй хъуамæ архайæд ацы фарстайыл æмæ ахæм стихийы рæстæджы, трагедийæ сæ политикон нысæнтты æмæ баллты тыххæй нæ фæлæ, ацы цауы кæд сæм исты предметон интерес ис, уæд сæ къухты ис æгъгъæд инструменттæ. Кæд ма уый æппæты фæстæ, уый нымæцы абоны брифингы, зноны хатдзæгты æмæ сателитон фототæм гæсгæйæ исты фарст баззад, уæд сывæрæт фарстытæ æргомæй, чи зоны дзуапп дæр æргомæй уа. Кæнæ сæ бон у интерпеляцийы уагæй спайда кæнын. Уым хъæлæскæнын æнæмæнгхъæугæ нæу æмæ а.д. Дис кæнын, цæмæй раст уыцы инструмкентæй, кæцы йæ къухы ис фракцимæ, æнæапелляцийæ сæ бон у сфæлхас кæнын, æмæ уый бæсты та адон архайынц æндæр инструменттæм бавналын, кæцыйæн хæъуы цæмæ йæхæдæг оппозици дæр уа мобилизацигонд. Уый тыххæй мæнмæ гæсгæйæ, уый фылдæр политикон истерийы саразыны архайд у», – загъта Папуашвили.