Шалва Папуашвили - Евроскептицизмы фæивдта ауæрæхы политикæйы бацагуырд, Германийы, Нидерландты æмæ Люксембургы рахзатыдыстæм фарсхæцын Евроцæдисы уæнгсууæвыны фæндагыл
Германийы, Нидерландты æмæ Люксембургы рахатыдыстæм Евроцæдисы уæнгсуæвыны фæндагыл, – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили парламентон делегацийы визиты схатдзæг кæныны рæстæджы райхъусын кодта.
«Парламентон делегацийы форматы, зæгъæн ис дæсбонон визит нын уыд Германимæ, Нидерландтæм, Люксмебургмæ æмæ нæ бон у, цалдæр фарстамæ раздахæм хъусдард, кæцыты немæ ласæм Гуырдзыстонмæ. Фыццаг а.х. евроскептицизм, кæцы бæрæг уыдис иуæй-иу бæстæйы æрдгæй евроцæдисы, фæивдта Евроцæдисы ауæрæзы прагматон политикæйы бацагурыд æмæ мах æртæдæр бæстæйы рахатыдыстæм фарсхæцын, Евроцæдисы нæ бæстæйы уæнгсуæвыны фæндагыл. Рахатыдыстæм, цæмæй ныр нысаниуæгджын у, Евроцæдис ауына йæхи, куыд геополитикон хъазæг, афтæ», – райхъын кодта Шалва Папуашвили.
Афтæма йæ дзырдæй, дыккаг бахаххкæнинаг фарста у, уый, цæмæй Евроцæдисмæ интеграци йæ хъуыдыйы дары æнæрмæст Евроцæдисы структкрæмæ интеграци, фæлæ ма æнгом ахастытæ Евроцæдисы уæнг бæстæтимæ.
«Нæ нысан у Евроцæдисы уæнг суæвын, кæцы нæу цыбыр фæндаг. Ацы даргъ фæндагыл хъæуы бирæ æрдгæй зондджынæй ацæуын. Уый йæ хъуыдыйы дары, цæмæй нæ бæстæ хъуамæ райрæза экономиконæй, уыцы æмвæзадыл, цæмæй уæм Евроцæдисы æххæстаргъджын уæнг. Нæ бæстæ хъуамæ райрæза институционæй, цæмæй уæм Евроцæдисы æххæстаргъджын уæнг æмæ нæ бæстæ ма хъуамæ фесафа стабилон уавæр, уа регионы æдасдзинады æрдгæй иуæй-иу æвзæрст бæстæ, цæмæй суæм Евроцæдисы æххæстаргъджын уæнг бæстæ. Ацы æртæ фарст фæцæйхæссæм немæ ацы визиттæй», – банысан кодта Шалва Папуашвили.