Шалва Папуашвили -европон аргъдзинæдтæ -диалог сты, конфронтаци нæ фæлæ, ныхас, директивæтæ, хъыгагæн абон Брюссель ацы аргъдзинæдты фæлгæттæй ахызт
Шалва Папуашвили -европон аргъдзинæдтæ -диалог сты, конфронтаци нæ фæлæ, ныхас, директивæтæ, хъыгагæн абон Брюссель ацы аргъдзинæдты фæлгæттæй ахызт

Абон Брюссель, европон аргъдзинæдтæй дард у, цæй фæстиуæг дæр ис сæ конфронтацион тон, бабырстытæ, риторикæ, кæцы гуырдзийаг адæмы ныхмæ хъусæм – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили расидтис.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, диалогы бæсты, Брюсель æвзары конфронтаци.

“Ноджы иу хатт сбæлвырд кодта, ацы хатт пресс-спикер, цæмæй процесс фæурæдта Брюссель 2024 азы июны. Сæхи дзыхæй раргом кодтой цы дезинформаци, мæнг расидæнтæ хъуыстысты, цыма Гуырдзыстоны хицауад фæурæдта интеграцийы процесс. Уый ноджы иу бæлвырдгæнæн  æцæг цæсгом бавдысты, кæцы  æвдисы, цæмæй  Брюсель æвзары конфронтаци, кæцы  европон аргъдзинæдтæй азылды ноджы  иу нысан у. Мах, гуырдзийæгтæ европон аргъдзинæдтæ нымайæм æмæ æмбарæм куыд -диалог, конфронтаци нæ фæлæ. Ныхас, директивæтæ нæ фæлæ, кæрæдзийы интересты нымад æмæ кад æ. Хъыггагæн абон Брюсель уыцы аргъдзинæдтæй дард у, цæй фæстиуæг дæр у конфронтацион тон, бабырстытæ, риторикæ, кæцы хъусæм гуырдзийаг адæмы ныхмæ” -расидтис Шалва Папуашвили.

Папуашвилийы ныхасмæ гæсгæ, Брюссель нæ нымайы  нысаниуæгджын принципæ, кæцытыл хъуамæ уа бындурæвæрд европон аргъдзинæдтæ, растдæр уый у сæйраг къуылымпыдзинад Брюселимæ æмахастыты.

“Брюсселимæ æмахастыты нысаниуæгджын  къуылымпыдзинад у уый æмæ, мах нæ разы кæнæм кæрæдзиимæ, сæйраг аргъдзинæдты фæдыл. Нæ сæйраг аргъдзинад у  суверинитет æмæ  территорион æнæхъæндзинад , адæймагы бартæн кад кæнын, закъоны уæллагдзинад . Сæрмагондæй, Брюссель нæ нымайы гуырдзийаг адæмы бар, йæхæдæг равзара  хицауад, закъоны райсты æмæ реализацийы  бар, нæ нымайы уыцы сæйраг принциптæ, кæцытыл хъуамæ  уа бындурæвæрд европон аргъдзинæд. Абон проблемæ уый мидæг ис æмæ, Брюсель фæзылд иумæйаг европон фæндагæй Гуырдзыстонимæ амахастыты æмæ  архайы директивæтæй нын бавдиса фæндаг, кæцы гуырдзийаг адæмы æвзарæн нæу æмæ йын бацамона цы хицауад сывзара æмæ  цы закъон райса” – расидтис Папуашвили.