Шалва Папуашвили – Европарламенты дебаттæ æвдæлон уыд Европæйæ, хъыгаг у, политикты къордæн Саакашвилиимæ хæлардзинад бæстæйы интерестæй зынаргъдæр куы у уæд
2012 азæй райдайгæ Европарламенты ис политикты къорд, кæцытæн æрмæст иу нысан ис – бафхæрон Бидзина Иванишвилийы æмæ хицауадмæ æрыздахой Михеил Саакашвилийы. Аххосаг, æфсон гæнæн ис уа æндæр æмæ æндæр, фæлæ кæддæриддæр вæййы иу – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили Европарламенты ацæугæ дебаттæн аргълæвæрды рæстæджы райхъусын кодта.
Шалва Папуашвили дзуры, цæмæй Европарламенты зноны дебаттæ йæ мидисæй æвдæлон уыд Европæйæ, уымæн æмæ Европарламенты трибунæйæ спайда кодтой дезинформаци ахæлиу кæнынæн.
«Знон федтам Европарламенты дебаттæ, кæцы йæ мидисы æвдæлон уыд Европæйæ, уымæн æмæ Европарламенты трибунæйæ спайда кодтой дезинформаци ахæлиу кæнынæн. Европарламенты трибунæйæ спайда кодтой, цæмæй ахæлиу уыдаит пропагандæ, цæвиттон Гуырдзыстоны хицауад у узурпацигонд æмæ Европарламенты трибунæйæ спайда кодтой уый тыххæй, цæмæй сыххæст уыдаит комкоммæ бырст демократонæй æвзæрст хицауадмæ. Уый у, знон цы федтам æмæ тынг хъыгаг у, куы уыныс цæмæй ис политикты къорд, кæцытæн Саакашвилиимæ хæлардзинад бæстææйы интерестæй зынаргъдæр у.
Знон уый параллелонæй, Европаг Совет райста хыгъдлæвæрд, кæцыйы хаххгонд банысан ис прогресс, кæцы Гуырдзыстонæн уыд фæстаг мæйты мидæг 12 рекомендацийы сыххæсты фæдыл реформæты æрдгæй. Уый тыххæй хъауджыдзинад ис куыд Еврокомиссийы æмæ Европаг Советы, афтæ уыцы европарламентариты æхсæн кæцытæ сты къорды уæнгтæ. Ацы кордты æмæ евроцæдисы уæнг бæстæты æмæ сæйраг горæтты æхсæн хъауджыдзинады тыххæй куы зæгъæм, уæд уый йас хицæн кæнынц кæрæдзийæ куыд уæларв æмæ зæхх. Ацы политиктæн Европаг политикæимæ хъыгагæн ницы бастдзинад ис» – райхъусын кодта Шалва Папуашвили.