Шалва Папуашвили – Евроцæдисы æндæр æмæ æндæр бæстæты æхсæн цæугæ дискусси ницы барьер у Гуырдзыстонæн, Гуырдзыстоны цæрджытæ æнхъæлмæ кæсынц цæмæй уынаффæ уыдзæн рæстаг
Рагæй уайы нæ хъустыл, цæмæй уынаффæ хас уыдзæн сгуыхтдзинадыл æнцойæ, сгуыхтдзинад та бæрæг у, ныр хъæуы уынаффæ, бынтон ницы бындур ис, цæмæй исты æндæр уынаффæ рахæссой – уый фæдыл парламенты сæрдар Шалва Папуашвили райхъусын кодта.
Йæ дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстон аккаг у Евроцæисы кандидат бæстæйы статус райсын.
«Уыцы мидæг дискуси, кæцы Евроцæдисы ис æндæр æмæ æндæр бæстæйы æхсæн, ницы барьер у, цæмæй Гуырдзыстонмæ гæсгæ хаст уа уынаффæ сгуыхтдзинадыл æнцойæ æмæ нæу кæрæдзийы фыддæрагæн, ома чидæр цæимæдæр нæу разы æмæ уый тыххæй ма рахæца йæ фарс Гуырдзыстонæн кандидаты статус раттынæн. Гуырдзыстоны цæрджытæ ратсдæр амæ æнхълæмæ кæсынц, цæмæй уынаффæ уыдзæн рæстаг æмæ нæ рафæлхатт уыдзæн уыцы æнæрастдзинад, кæцы фарон æрцыд» – райхъусын кодта Папуашвили.