Шалва Папуашвили - бинонты сыгъдæгдзинад нæ паддзахады бындур у, уый тыххæй аргъуанимæ иумæ хицауады хæс у, бахъахъхъæна йæ, куыд гуырдзиаг идентондзинады, удон æмæ материалон къльтурæйы æвæрæгы афтæ
Зындзинæдтæй едзаг дунейы, кæцыйы националон традицитæм æмæ сыгъдæг адæймагон хæзнатæм æргом азар æртхъирæн кæны, нæ мадаргъуан уартау систа гуырдзиаг бинонты сыгъдæгдзинад æмæ йæ æнусы хæзнатæ, – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили фыссы соцаилон хызæгты.
Папуашвили куыд банысан кодта афтæмæй, бинонты традицитæ сты гуырдзиаг æгъдау, фæлтæрты æхсæн ахастытæн цыт, уазæгуарзондзинад, хæстæджы уарзондзинад æмæ фыдыбæстæимæ иузæрдыгдзинад.
«Арфæ уын кæнын бинонты сыгъдæгдзинады боны фæдыл!
«Зындзинæдтæй едзаг дунейы, кæцыйы националон традицитæм æмæ сыгъдæг адæймагон хæзнатæм æргом азар æртхъирæн кæны, нæ мадаргъуан уартау систа гуырдзиаг бинонты сыгъдæгдзинад æмæ йæ æнусы хæзнатæ. Ахæм у нæ цардуаг, кæцы нæ фыдæлтæй нæм уыд лæвæрд æмæ мах дæр сæ мингай азты дæргъы хæссæм сæрыстырæй. Уый у гуырдзиаг æгъдау, фæлтæрты æхсæн ахастытæн цыт, уазæгуарзондзинад, хæстæджы уарзондзинад æмæ фыдыбæстæимæ иузæрдыгдзинад.
Бинонты сыгъдæгдзинад у нæ паддзахады бындур, уый тыххæй дæр, аргъуанимæ иумæ, хицауады хæс у, бахъахъхъæна йæ, куыд гуырдзиаг идентондзинады, удон æмæ материалон къльтурæйы æвæрæг.
Алкæмæн уын арфæ кæнын абоны боны фæдыл æмæ уын мæ зæрдæ зæгъы сабырад куыд уа нæ зæрдæты, нæ бинонты нæ фыдыбæстæйы уыцы арфæтæ», – фыссы парламенты сæрдар социалон хызаджы.