Шалва Папуашвили – арфæгæнæг стæм Швейцари Гуырдзыстоны суверенитетæн йæ фарс кæй хæцы уый тыххæй

18:24, 10.10.2022

Гуырдзыстоны  парламенты сæрдар Шалва Папуашвили  фысым кæны  Швейцарийы Кондфедерацийы  националон советы президентæн, Ирен Келинæн. Фарсытæ  æхгæд  форматы  фембæлдыл дыууæ бæстæйы æхсæн  æмахасты æмæ йæ фæарфдæр кæныныл фæныхас кодтой.

Шалва Папуашвили  Швейцариаг коллегæйæн  æмгуыстапдæн, гуырдзыстоны  территорион æнæхъæндзинадæн фарсхæцыны æмæ европаг  фæлтæрддзинад  фæхай кæныны тыххæй  раарфæ кодта.

Папуашвилийы  дзырдæй,  Гуырдзыстоны æмæ Швейцарийы  Конфедерацийы æхсæн  æмгуыстады  30  аз æфсæст уыдис   æнтыстджын партнерадæй, политикон , абазарадон-экономикон, æхсæнапрламентон райрæзты æрдгæй.

«Бæрзонд аргъ кæнæм æхсæнылæгы функцийæн  Гуырдзыстон-Уæрæсейы æхсæн ахастыты, афтæма, Швейцарийы  минварады Гуырдзыстоны интересты секцийæн фарсхæцын.  Швейцарийы  парламенты делегацийы визит  символон æмæ   сæрмагондæй нысаниуæгджын у, уымæн æмæ ацы  аз æххæст кæны  30-æм азы сæр Гуырдзыстон æмæ Швейцарийы  Конфедерацийы æхсæн дипломатон   ахастытæ  сæндидзын кæнынæй.  Æмгуыстады  30 азы  æфсæст уыдысты æнтыстджын партнерадæй, политикон , абазарадон-экономикон, æхсæнапрламентон райрæзты æрдгæй.  Сæрмагондæй аргъ кæнæм  Швейцарийы   райрæзты æмæ  экономикон  агентады  хайбавæрдæн  Гуырдзыстоны  экономикæйы  æмæ æхсæнадон  рацарæзты. Цæттæ стæм   адарддæр кæнæм ацы  позитивон тенденци  æмæ нæ бæстæты æхсæн  партнерад  ноджы фæарфдæр кæнæм» – райхъусын кодта Шалва Папуашвили.

Хуыздæр