Шалва Папуашвили - Арфæгæнæг дæн алы бæстæйæн, чидæриддæр разы у Гуырдзыстонæн кандидаты статус раттынимæ, уымæн æмæ Гуырдзыстон нырид иу афæдзы дæргъы ссæст у кандидаты статус йæм кæй нæй уымæй
Арфæгæнæг дæн алы бæстæйæн, чидæриддæр разы у Гуырдзыстонæн кандидаты статус раттынимæ, уымæн æмæ Гуырдзыстон нырид иу афæдзы дæргъы сæст у уымæй, цæмæй йæм нæй кандидаты статус, – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили райхъусын кодта.
Шалва Папуашвилийы бафарстой «Радио Сæрибардзинады» Европæйы бюройы редактор Рикард Йозвякы публикацигонд статийы тыххæй, кæцымæ гæсгæ дæр Венгри Украинайы Евроцæдисы уæнгсуæыныл къух æрмæст уыцы цауы бафысдзæн, кæд æмæ Евроцæдисы æндæр бæстæтæ Гуырдзыстонæн кандидаты статус раттынимæ сразы уыдзысты.
«Æз нæ зонын, уый медиайы ахæлиу ис, сæйраг уый у æмæ арфæгæнæг уыдзыстæм алы бæстæйæн, чидæриддæр разы у Гуырдзыстонæн кандидаты статус раттынимæ, уымæн æмæ Гуырдзыстон нырид иу афæдзы дæргъы ссæст у уымæй, цæмæй йæм нæй кандидаты статус, уый та у сегасдæр æнтыстджын ассоциацигонд триойы. Ацы триойы дыууæ уæнгæн ис кандидаты статус, æрмæст Гуырдзыстон æмæ гуырдзиаг адæм та ййафынц æфхæрд æнæрæстаг уынаффæйæ. Уый тыххæй дæр, ацы æнæрастдзинады ныхмæ цас фылдæр бæстæ слæудзæн æмæ æркурдзæн, йæ схафын, уый йас хуыздæр уыдзæн. Уый, мæнмæ гæсгæ, мах алкæмæн уыдзæн æхсызгон», – райхъусын кодта Папуашвили.