Парламенты сæрдар Шалва Папуашвили фембæлдис Сомихыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Арарат Мирзоянимæ.
Фембæлдыл банысан ис Гуырдзыстон æмæ Сомихыстоны æхсæн 2024 азы январы бафыст стратегион партнерады фæдыл деклараци, куыд дыууæ бæстæйы æхсæн историон хæлардзинады логикон дарддæрдзу.
Шалва Папуашвили сомихаг фарсæн бузныг загъта оккуапцигонд Гуырдзыстоны территоритæй тыхбын бынативгæ уæнгты æмæ лигъдæтты фæдыл ИНО-ы бавдыст резолюцийæн фыццаг хатт фарсрахæцыны тыххæй.
Фарсытæ бахахх кодтой Гуырдзыстоны æмæ Сомихыстоны хицауады æмæ закъондæттæг оргæнты æхсæн хъæддых цадистæ. Банысан ис парламентон дипломатийы нысаниуæг дыууæ бæстæйы æхсæн æмгуыстады ноджы фæарфдæрæн.
Фембæлдыл ма афтæдæр фæныхас кодтой регионон сабырады фарстатыл. Хъусдард здæхт уыдис Азербайджан æмæ Сомихыстоны æхсæн сабырадон бадзырд бафыссыгы нысаниуæгыл регионы сабырад æмæ фарсан сæнæмæт кнынæн.
Арарат Мирзоян зæрдæрухсдзинад равдыста Гуырдзыстоны цæттæдзинады тыххæй, йæ къух сараза регионы сабырад сфидар кæнынæн.