Шалва Папуашвили алы политикон тыхмæ Евроцæдисы уæнгдзинады фæдыл иудзинадмæ сиды
Шалва Папуашвили алы политикон тыхмæ Евроцæдисы уæнгдзинады фæдыл иудзинадмæ сиды
Сидын алы политикон тыхмæ, къордмæ, цæмæй кæрæдзийы фарсмæ лæууæм, Гуырдызстоны хицауады фарсмæ, цæмæй иумæйаг позицийы хай суæм Евроцæдисы уæнгдзинады фæдыл – уый фæдыл Гуырдызстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили расидтис.
«Нысаниуæгджын у, цæмæй ацы фæндагыл уыцы æвзарæн, кæцы Гуырдызстоны æмбæстæгтæн арæзт у æмæ уыцы конституцион фыст, кæцы уыцы фарстайы фæдыл ис, алы политикон тых хорз бамбара æмæ снысангонд æвзæрстмæ гæсгæ архайой» -сиды Папуашвили.
Папуашвилийы ныхасмæ гæсгæ, Гуырдызстоны хицауад сарæзта фидиуæн Евроцæдисмæ уæнгдзинады фæдыл æмæ уыцы къуымæй, сæйраг рол растдæр Гуырдызстоны хицауадыл ис.