Шалва Папуашвили – алы бон, нæ бæстæйæн кандидаты статус куы нæй, у æнæрастдзинад Гуырдзыстоны æрдæм
Гуырдзыстон, йæ системæ, паддзахадон арæзт, йæ бюрократи аккаг уыдысты кандидаты статус райсын æмæ æрвылбойнонæй, махмæ ацы кандидаты статус куы нæй, у æнæрастдзинад Гуырдзыстонмæ – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили пленарон рабадтыл, Гуырдзыстоны праламенты 2022 азы куысты хыгъдлæвæрды æмæ 2023 азы архайадон план бавдисыны рæстæджы райхъусын кодта.
«Абсолютонæй уырнæг дæн, цæмæй Гуырдзыстон 2022 азы 24 июны уыдис кандидаты статусы аккаг æмæ уый сбæлврд кодта йæхæдæг комисси ацы фарстаты æмбырдгонды æппынфæстаг аргълæвæрдæй. Фæцис аргълæвæрд, амæй размæ райстам фæстиуæг æмæ федтам, цæмæй стæм лидертæ фундаментон фарстаты, уый нымæцы расттæрхоны æмæ æндæр æрдгæй. Мах разæй стæм æнæрмæст Молдовæйæ, фæлæма Босни-Герцоговинæйæ, кæцы декабры ссис Евроцæдисы кандидат бæстæ», – райхъусын кодта парламенты сæрдар.
Йæ дзырдæй зæгъгæ, ахсджиаг у оппозици басæтта, цæмæй бæстæ статусы аккаг у. Шалва Папуашвилийы дзырдæй, политикон иудзинадæн, фундамиентон фарстайы фæдыл, Евроцæдисы æрдгæй дæр æмбæлгæ аргълæвæрд уыдзæн бастæйæн кандидаты статус раттынæй.
«Ивгъуыд азы ацы залы оппозицимæ цалдæр хатт уыдис фарст, куыд хъуыды кæныут, Гуырдзыстон абон, ацы уавæрæй, ацы хицауадæй кандидаты статусы аккаг у æви нæ зæгъгæ, æмæ уыдтам, куыд фæхи урæдта оппозици дзуапп раттын, цæмæй бæлвырд загътаит, хицауадмæ нæ ахастмæ нæкæсæгæ, о, бæстæ кандидаты статусы аккаг у. Ацы дзуапп нæ райстаиккам. Æмæ уый вæццæгæн уый уыдис сеппæтæй æргомзæрдæ дзуапп. Вæццæгæн афтæ æнхъæлынц бирæтæ ома Гуырдзыстон нæу кандидаты статусы аккаг.
Уый тыххæй дæр, кæд ма исты хъæу, цæмæй нын кандидаты статус раттой, уæд уый у иу цыдæр, ома алы политикон къорд уырнæг уа, цæмæй Гуырдзыстонмæ æмбæлы кандидаты статус, алы æмбæстаг куыд у уырнæг афтæ æмæ, кæд уый алчи бæлвырд зæгъдзæн, цæмæй иудзинады æмæ нæ ныфсджындзинадæн æмбæлгæ дзуапп уыдзæн евроцæдисы æрдгæй», – загъта Шалва Папуашвили.