Шалва Папуашвили - ахсджиаг у Вашингтоны саммитыл дырыс фарсхæцын НАТО-йы уæнгсуæвыны фарстайы, Гуырдзыстон алы параметрæй цæттæ у, цæмæй НАТО политикон уынаффæ рахæсса
Махæн ахсджиаг у, цæмæй иннæ аз НАТО-йы Вашингтоны саммитыл дырыс фарсхæцын уа Гуырдызстоны уæнгсуæвыны æмæ Гуырдзыстонæн æххуысы фарстайы, – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвили райхъусын кодта.
Папуашвилийы дзырдæй, Гуырдзыстон алы параметрæй цæттæ у НАТО-ы уæнгдзинадмæ æмæ хъæуы альяянсы æрдгæй политикон уынаффæ.
«Фидæн азы Вашингтоны саммит ахсджиаг у, уый нымæцы уымæн дæр, æмæ юбилейон саммит у æмæ вæццæгæн ахæм формат у цæмæй æхæстæй æрцæуа НАТО-йы роль сбæрæг кæнын æдасдзинады ифтонгады. Уый тыхæй махæн ахсджиаг у, цæмæй Вашингтоны саммитыл дырыс фарсхæцын уа Гуырдзыстоны уæнгсуæвыны æмæ Гуырдзыстонæн æххуысы фарстайы. Нæ фæндон у, цæмæй НАТО-ы æрдгæй нын уа дырыс балæуд Гуырдзыстоны уæнгсуæвыны фæндагыл. Гуырдзыстон нырид рагæй архайы куыд НАТО-йы æмцæдисонг уæнг бæстæ. Нæ архайдæй æмæ нæ контрибуцийæ æдасдзинады фарстаты рагæй, афтæ архайæм куыд альянсы уæнгтæ. Ацы рæстæджы НАТО-имæ нæ æфсæддон тыхты æмбынатиндзинад бæрзонддæр æмвæзадыл исю нæ æфсæддон контингент НАТО-йы уæнг бæстæтимæ иумæ хайад райста мисситы æмæ а.д. уымæй æмбынатиндзинад дæр ифтонггонд у. Кæд нæ демократон институтты сбарын ис гæнæн НАТО-ы бæстæтимæ, æмбæлгæ стандартыл сты, цæмæй Гуырдзыстон суа НАТО-ы уæнг. Нырид стыр рæстæг у, алы ацы параментрæй Гуырдзыстон цæттæ у, цæмæй НАТО политикон уынаффæ рахæсса æмæ хъæуы ахæм политикон уынаффæ НАТО-йы æрдгæй. Ныр та йæхæдæг фарстайы тыххæй куы зæгъæм, уæд æхæстгæнæг хицауады прерогативæ у, НАТО-имæ ныхас кæной форматтыл, ныффыстытыл æмæ а.д. æз куыд парламенты сæрдар, уыдтæн парламенты æрдгæй», – райхъусын кодта Шалва Папуашвили.