Шалва Папуашвили  АИШ-ы ногнысангонд минæваримæ, Робин Данниганимæ фембæлдис
Шалва Папуашвили АИШ-ы ногнысангонд минæваримæ, Робин Данниганимæ фембæлдис

Парламенты сæрдар Шалва Папуашвили  Гуырдзыстоны АИШ-ы ногнысангонд сæрмагонд æмæ æххæстбарджын  минæвар Робин Данниганимæ фембæлдис.

Шалва Папуашвили  Робин Данниганæн æнтыстытæ  ракуывдта  йæ куысты æмæ   АИШ-Гуырдзыстоны æхсæн  уæвæг стратегион партнерады фæарфдæрыл йемæ æнгом æмгуыстады  фæндон  равдыста.

АИШ-ы ног минæвар банысан кодта, цæмæй Америкæйы хицауады  æмæ йæ  мисси уыдзæн   Гуырдзыстонимæ  ахастыты  алы æрдгæй   дарддæры   сфидар кæнын æмæ ацы æрдгæй  цæттæ у  Гуырдзыстоны прламентимæ  активон куыстмæ.

Фарсытæ  æркастысты  Гуырдзыстоны  парламенты бонвæтк, бæстæйы  цæугæ  актуалон  фæзындтæ, АИШ-ы  ног минæвары  плантæ  æмæ дыууæ бæстæйы  парламентон ахастыты активизацийы  фадæттæ. Афтæма  фæныхас кодтой  уæрæзæй регионы  цæугæ процесстыл.

Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны парламенты пресс-куыст.