Шалва Нателашвилийы фидиуæнæй, оппозици  Тбилисы мажоритартæм имумæйаг  кандидатыл æрфидыдта
Шалва Нателашвилийы фидиуæнæй, оппозици Тбилисы мажоритартæм имумæйаг кандидатыл æрфидыдта

Тæвд сæрдæй æмæ уæззау  хабæрттæй æфсæст  нæ  дзыллæйæн хорз уацæй сæ зæрдæ барухс кæнын  нæ  фæнды, уæддæр  бантыст, сæйраг горæты оппозици иумæйаг  кандидаттыл   æххæстæй æрныхас кодта,  æмæ  банымайæн ис, цæмæй хицауад, сæйраг горæтыл хицаудзиенад  31  октябры фесафдзæн, –  уый фæдыл  «Лейбористон Партийы» лидер Шалва Нателашвили  райхъусын кодта.

Нателашвили  куыд банысан кодта, афтæмæй, консультацитæ уыдысты  вазыгджын,  тынггонд æмæ  дунейы  политикæйы  историйы  дыккаг  прецедент  нæй,  æнæхъæн оппозицион спектр  куы æрныхас кодта иумæйаг мажоритар  кандидатты тыххæй,   фæнды æрмæст сæйраг горæты.

«Ацы  хуъыддаг Гуырдзыстоны  историйы æмæ  политикæйы  ныффыст уыдзæн  сыгъзæрин дамгъæтæй.  Сабурталойы  районы оппозицийы  иумæйаг кандидат  уыдзæн  æнæцой  хæцæг, алы хицауадимæ – Ираклий Окруашвили  æмæ  уырнæг стæм, фæуæллахиз уыдзæн.  Дидубе-Чугъуреты  районы  оппозицийы  кандидат уыдзæн  Зураб Джапаридзе,  кæцыйы  алчидæр зонæм æмæ  кæцыйы активондзинадæй кæддæриддæр зæрдæскъæфт стæм», – райхъусын кодта Шалва Нателашвили.

Афтæма йæ ныхæстæм  гæсгæ, оппозици  райста деклараци сæрмагонд хъæлæсты хъахъхъæды фæдыл, кæцы историон  скуыддзаг у  оппозицийæн æмæ  ноджы иу  хатт æвдисы, цæмæй  бæстæйы  политикон тыхтæ  иугонд сты иу сæйраг  нысаны æрдæм,  мачи бафæраза  фæмæнг кæнын, хицаудзинад узурпаци  æмæ гуырдзиаг адæм, сæрмагонд бæстæйы  йæхимæ æрыздаха  бæстæйы хицаудзинад.