Шалва Нателашвилийы фидиуæнæй, оппозици Тбилисы мажоритартæм имумæйаг кандидатыл æрфидыдта
Тæвд сæрдæй æмæ уæззау хабæрттæй æфсæст нæ дзыллæйæн хорз уацæй сæ зæрдæ барухс кæнын нæ фæнды, уæддæр бантыст, сæйраг горæты оппозици иумæйаг кандидаттыл æххæстæй æрныхас кодта, æмæ банымайæн ис, цæмæй хицауад, сæйраг горæтыл хицаудзиенад 31 октябры фесафдзæн, – уый фæдыл «Лейбористон Партийы» лидер Шалва Нателашвили райхъусын кодта.
Нателашвили куыд банысан кодта, афтæмæй, консультацитæ уыдысты вазыгджын, тынггонд æмæ дунейы политикæйы историйы дыккаг прецедент нæй, æнæхъæн оппозицион спектр куы æрныхас кодта иумæйаг мажоритар кандидатты тыххæй, фæнды æрмæст сæйраг горæты.
«Ацы хуъыддаг Гуырдзыстоны историйы æмæ политикæйы ныффыст уыдзæн сыгъзæрин дамгъæтæй. Сабурталойы районы оппозицийы иумæйаг кандидат уыдзæн æнæцой хæцæг, алы хицауадимæ – Ираклий Окруашвили æмæ уырнæг стæм, фæуæллахиз уыдзæн. Дидубе-Чугъуреты районы оппозицийы кандидат уыдзæн Зураб Джапаридзе, кæцыйы алчидæр зонæм æмæ кæцыйы активондзинадæй кæддæриддæр зæрдæскъæфт стæм», – райхъусын кодта Шалва Нателашвили.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, оппозици райста деклараци сæрмагонд хъæлæсты хъахъхъæды фæдыл, кæцы историон скуыддзаг у оппозицийæн æмæ ноджы иу хатт æвдисы, цæмæй бæстæйы политикон тыхтæ иугонд сты иу сæйраг нысаны æрдæм, мачи бафæраза фæмæнг кæнын, хицаудзинад узурпаци æмæ гуырдзиаг адæм, сæрмагонд бæстæйы йæхимæ æрыздаха бæстæйы хицаудзинад.