Шалва Нателашвили – Гуырдзыстоны æнæаргъæвгæйæ хъуамæ байгом уа АИШ-ы æфсæддон, денжджызон базæтæ æмæ æрлæууа атомон-космикон тыхтæ
Гуырдзыстоны æнæаргъæвгæй хуъамæ байгом уа АИШ-ы æфсæддон, денджызон базæтæ, æмæ æвæрд æрцæуа атомон=-космикон хæцæнгарз – уый фæдыл «Лейбористон Партийы» лидер Шалва Нателашвили фехъусын кодта.
Нателашвилийы дзырдæй, зæгъгæ уый у рацæуæн, цæмæй регионы гео-политикон стындты амæттаг ма суа гуырдзиаг паддзахаддзинад, сæрибардзинад æмæ суверенитет.
«Карабахы хæст ноджы иу хатт равдыста цæмæй нæ регионы геополитикон стындтæ ноджы стыр рæстæг аххæсдзысты, кæцыйы амæттаг иу бон гæнæн ис суа Гуырдзыстоны паддзахаддзинад, неæ сæрибардзинад æмæ суверенитет. Рацæуæн ис – Гуырдзыстоны æнæаргъæвгæйæ хъуамæ байгом уа АИШ-ы æфсæддон, денджызон базæтæ, æмæ æвæрд æрцæуа атомон-космикон тыхтæ æмæ хæцæнгарз.
Уый уыдзæн зондамонæн уыцы регионалон империтæн, кæцыты фæнды регионаплон конфликттæм Гуырдзыстон баласын. Уый уыдзæн егъау зиан оккупант Уæрæсейæн, кæцыйæн йæ разы ралæууын кæндзыстæм уыцы æфсæддон уæлпаддзахад, кæцыйы тых æмæ амалхъомдзинад тынг дзæбæх зоны. Уый фæстæ Гуырдзыстонмæ раздæхдзæн тынг бирæ инвестор, бизнесментæ, сырæздзæн кусытбынæттæ, къухбафыст æрцæудзæн АИШ-имæ кæрæдзихъахъхъæнынады бадзырд æмæ рахиздзыстæм уыцы форматмæ, цы форматы дæр абон уынæм дидинæфтыд Израилы, Хуссар Кореяйы æмæ а.д. Мах суыдзыстæм егъау экономикон потенциалы тигрæй, кæцыйæ йæ хонынц экономисттæ ацы моделы фæстиуджыты конкретон бæстæты. Æндæр цауы, иу бон, Карабахы хæст нæм æрхæццæ уыдзæн ардæм, регионалон стынды амæттаг суыдзыстæм. Мах ацы æртъхъирæнты ацы тасæн адæкватон дзуапп хъуамæ раттæм» – райхъусын кодта Шалва Нателашвили.