Серж Саргсян – конфликтты аскуыддзаг кæнын гæнæн ис æрмæстдæр сабырадон фæндагæй
Гуырдзыстонмæ визитæй увæг Сомихыстоны президент Серж Саргсяны фидиуæнæй, конфликтты аскуыддзаг гæнæн ис æрмæстдæр сабырадон фæндагæй æмæ æрмæстдр сразыгонд форматты фембæлдтæй.
Уый фæдыл Серж Саргсян Гуырдзыстоны президенты администрацийы уагъд пресс-конференцийы рæстæджы банысан кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Гиорги Маргвелашвилиимæ фембæлды рæстæджы, дыууæ бæстæйы президенттæ Хуссар Кавказы æдасдзинады фарстытæ æркастысты.
«Ацы контексты стыр нысаниуæг дæттæм уымæн, цæмæй кæрæдзийæн сенситивон фарстыты аскуыддзаг кæныны рæстæджы хъуамæ уæм æмуæзгонд. Мах ныфсджын стæм æмæ иу хъуыдыл лæууæм, цæмæй конфликтты аскуыддзаг кæнын гæнæн ис æрмæстдр сабырадон фæндагæй æмæ æрмæстдæ сразыгонд форматты фембæлдты фæлгæтты. Зæрдæргомæй дзурын, цæмæй мах алы бадзырдты рæстæджы, нæ тыхты нæ ауæрдæм райсæм ахæм документтæ æмæ фидиуæнтæ, кæцытæ Гуырдзыстоны интерестæн нæ уыдзысты знаггадгæнæг æмæ хъуыды кæнын, цæмæй сомихаг æмæ гуырдзиаг фарсæй дæр, ахæм позици, æрмæстдæр пайдаджын уыдзæн нæ бæстæтæн. Мах интересджын стæм æрдхорд Гуырдзыстонимæ нæ ахастыты райтынгы ардæмадæй æмæ кæддæриддæр уыдзыстæм ацы цæстæнгасы фарсхæцæг» – райхъусын кодта Серж Саргсян.