Гиорги Квирикашвили Серж Саргсянæн, Сомихыстоны премьер-министрæй сæвзæрст раарфæ кодта

18:38, 17.04.2018

Гуырдзыстоны  премьер-министр  Гиорги Квирикашвили  Серж Саргсянæн  раарфæ кодта Сомихыстоны премьер-министрæй сæвзæрст.

«Арфæ кæнын мæ зынаргъ хæлар, Серж Саргсянæн  Сомихыстоны премьерæй  сæвзæрст. Уырнæг дæн, нæ бæстæты æхсæн  уæвæг æмкуысткæнынад æмæ  нациты æхсæн  хæлардзинад  ноджы фылдæр фæарфдæр уыдзæн  æмæ  фæтыхджындæр уыдзæн» –  банысангонд у Гуырдызстоны премьер-министры  арфæйы,  кæцы публикацигонд æрцыд йæ сæрмагонд  «Твиттеры» фарсыл.

Сомихыстоны парламент – националон  æмбырд  Серж Саргсяны  перемьер-министры постыл  цъус рæстæджы размæ официалонæй  сæвзæрста. Йæ кандидатурæйæн  76 депутат  схъæлæс кодтой, 17 та  йæ ныхмæ рацыдысты.

https://twitter.com/KvirikashviliGi/status/986243318760857600?ref_src=twsrc%5Etfw&ref_url=https%3A%2F%2F1tv.ge%2Fnews%2Fgiorgi-kvirikashvili-serdj-sargsians-somkhetis-premierad-archevas-ulocavs%2F

 

Хуыздæр