Серги Капанадзе МХХ-мæ сиды, рывнала фæдæвзарынмæ Хоравайы уынгыл æнахъом Г.М.-ы фæцæф кæныны фактыл
Парламенты рæстæгмæ фæдагурæг камисы къухдариуæггæнæг Серги Капанадзе МХМ-æ баздæхт, æнæаргъæвгæйæ рывнала фæдæвзарынмæ Хоравайы уынгыл æнахъом Г.М.-ы цыргъагæй фæцæф кæныны фактыл æмæ ауадза алы æмбæлон оперативон, агурæн æмæ фæдæвзарæн мадзæлттæ фыдракæндгæнæг уæнгы идентификацийæн.
Серги Капанадзе куыд райхъусын кодта афтæмæй, дыууæ мард æнахъомæй уæлдай ма, фæцæф ис æнахъом – Г.М. ацы информаци, МХМ-ы æмæ прокуратуæрæмæ зæгъгæ уыдис, фæлæ Капанадзе куыд банысан кодта афтæмæй, ацы афонмæ фæдагуырд нæ райдыдта.
«Хъуыддаджы æрмæджытыимæ æрзонгæйы фæстиуæгæн дзæбæх федтам, цæмæй Хоравайы уынгыл фыццаг декабры дыууæ æнахъом марындзинадæй уæлдай, афтæдæр фæцæф ис иу æнахъом Г.М. Уый фæдыл информаци бæрæг у хъуыддаджы æрмæджытæй. Ацы информаци бæрæг уыд МХМ-æн, прокуратурæйæн 1-аг æмæ 2-аг декабры, йæхæдæг Г.М.-ы æмæ æндæр æвдисæнты æвдисæндзырдттæй рацæугæйæ, фæлæ æнæкæсгæ уымæ, цæмæй ацы информаци уыд бæрæг, хицæн фæдæвзарæн нырмадæр дæр нæ райдыдта. Ацы æрдгæй фæдагурæн мадзæлттæ, мæнмæ гæсгæ, уагъд не рцыдысты афтæ, куыд нæ рахицæн кодтой хъуыддаг ацы конкретон темæйы фæдыл. Хъуыддаджы æрмæджытæй уынæм, цæмæй ис æндæр хъуыддæгтæ, фæлæ æххæссынц æндæр кнкретон фыдракæндтæм. Сæрмагондæй та, æххæссынц, басусæг кæнынмæ, æнæсдзырдмæ, фæЛÆ не ххæссынц æнæниздзинад базиан кæнынмæ, кæцы æцæгæй дæр бæрæг у Г.М.-йы цауы. Уый тыххæй дæр рекомендацийы мидис уый мидæг ис, цæмæ ацы конкретон темæйыл МХМ æнæаргхæвгæйæ рйдайа фæдæвзарын Г.М.-ы цыргъагæй фæцæф кæныны фактыл æмæ ауадза алы æмбæлон, оперативон агуырæн æмæ фæдæзарæн амæлттæ фыдракæндгæнæг уæнгы идентификацийæн» 0 райхъусын кодта Серги Капанадзе.
Парламенты рæстæгмæ фæдæвзарæг камис абон Серги Капанадзейы инициргонд рекомендациты æрксдзæн. Боны фæткъмæ гæсгæйæ, камисы уæнгтæ сæрыфыццагæй æркæсдзысты уыцы рекомендациты мидис, кæцыты камисы сæрдар «Европаг Гуырдзыстоны» уæнг Серги Капанадзе бавдыста.