Серги Капанадзе - «Freedom House»-ы хыгъдлæвæрд Гуырдзыстоны хицауадæн тæрхоныскъуыд у
Гуырдзыстоны парламенты вице-спикер Серги Капанадзе хъусын кæны, цæмæй «Freedom House»-ы хыгъдлæвæрды зæгъгæ, Гуырдзыстоны рейтинг радон хатт фæфыддæрдæр ис, кæцы Гуырдзыстоны хицауадæн комкоммæ тæрхоныскъуыд у.
Æхсæнадæмон организаци «Freedom House» публикаци скодта æрвылазон хыгъдлæвæрд, сæргондæй – «Бæстæтæ ахизгæ процессы», кæцыйы мидæг Гуырдзыстоны кой дæр ис. Хыгъдлæвæрды Гуырдзыстонæн аргъ скодтой куыд ахизгæ, кæнæ гибридон режим. Бæстæйæн фаронау 100-æ 38 баллы ис (100 балл сегасдæр хуыздæр фæстиуæг). Гуырдзыстоны демократийæн, автортæ максималон авд баллæй – 3,25 баллæй саргъ кодтой. Раззаг азы Гуырдзыстоны демократийæн уыд 3,29 баллы бæрц аргълæвæрд.
Серги Капанадзе йы хъуыдымæ гæсгæ, хыгъдлæвæрды мидæг дзырдæуы раст уый тыххæй, цавæрдæр абон у Гуырдзыстоны хицауад.