Серги Капанадзе - ахицæн кодтам, цæмæй уыцы 17 зылды, цы ран дыккаг тур ацæудзæн, комиссийы уæнгтæй нæ минæвæртты фæстæмæ ракæнæм
«Европаг Гуырдзыстон» нæ хъавы парламентмæ бацæуын æмæ дыккаг туры хайад райсын. Уый тыххæй дæр ахицæн кодтам, цæмæй уыцы 17 зылды, цы ран дыккаг тур ацæудзæн, нæ комиссийы уæнгты фæстæмæ ракæнæм, æмтгæй райсгæйæ 1922 уæнг нал уыдзæн комисситы дыккаг туры рæстæджы», – уый фæдыл «Европаг Гуырдзыстоны уæнг», Серги Капанадзе фехъусын кодта.
Йæ ныхæстæм æгсгæ, « ацы къахдзæф уый тыххæй сарызтой, цæмæй ацы æвзæрстытæ сæрæй кæронмæ æнæлегитимон уа».
«Афтæ уый тыххæй ахицæн кодтам, цæмæй мæ «Гуырдзиаг Бæллицц» æнæ æрмæст парламенты баззайа иунæгæй, фæлæ ма «Гуырдзиаг Бæллиццы» æвзарæнон комиссийы уæнгтæ дæр дыккаг туры рæстæджы уой иунæгæй æмæ сæ цы фæнды, уый æрфыссат, цы сæ æрфæнда, уый фæмæнг кæнæт. Нæ минæвæрттæ уым нæ уыдзысты. Ацы къахдзæф уый тыххæй сарызтам, ома ацы æвзæрстытæ сæрæй-кæронмæ æнæлегитимон уа. «Гуырдзиаг Бæллицц» тыхыбын уыдзæн дыккаг туртæ формалонæй ауадзын», – райхъусын кодта Капанадзе.