Сергей Шамба бæлвырд кæны, цæмæй Уæрæсе окупиргонд Абхазийæн социалон финансирдзинад 1-æм сентябрæй фæурæдта
Сергей Шамба бæлвырд кæны, цæмæй Уæрæсе окупиргонд Абхазийæн социалон финансирдзинад 1-æм сентябрæй фæурæдта

Окупацигонд Абхазийы афтæ хуынæг фæсарæн хъуыддæгты министр Сергей Шамба бæлвырд кæны, цæмæй 1-æм сентябрæй, Уæрæсе  социалон финанскæнынад фæурæдта æмæ аххосаг, абхазаг фарсы æрдыгæй бæрæг хæстæ æнæсæххæст кæнын у.

Шамбайы ныхасмæ гæсгæ, Мæскуы иу æмæ дыууæ хатты нæ фехъусын кодта, цæмæй «хæстæ æнæххæст кæнын гæнæн ис æркæна бæрæг санкцитæм».

«Уыдон ныридæгæн кусын райдыдтой фыццаг сентябрæй фæстæмæ. Куыд зонут афтæмæй урæд æрцыд иуæй-иу социалон финанскæнынад, кæцы хауы дохтыртæм, ахуыргæнджытæм, æдасдзинады кусджытæм æмæ æндæртæм», — загъта Шамба.