Сергей Нарышкин – НАТО-йы хицæн бæстæты архайдтытæ, Украинæйæ Уæрæсейы арфмæ дард æхстытæ ифтонг кæныны хайадист, æнæфхæрдæй нæ баззайдзысты
НАТО-йы хицæн бæстæты тыхархайд, цæмæй хайад райсой Украинæйы гарзджын тыхты æрдыгæй Уæрæсейы арфмæ дард æхстытæ ифтонг кæныны хъуыддаджы, фехъусын кодта Уæрæсейы Федерацийы æттаг развæдсгарæн куысты къухдариуæггæнæг Сергей Нарышкин.
Нарышкины ныхасмæ гæсгæ, Уæрæсейы знæгтæ тыхбын сты банымайын, цæмæй Уæрæсейы президенты уынаффæ æнæфæцудгæйæ хъахъхъæнын бæстæйы фундаменталон интерестæ алы гæнæн фæрæзтæй фæкъаддæр кæны Вашингтон æмæ Брюссельæн маневрты фæзуат.
Уæрæсейы æттаг развæдсгарæн куысты сæргълæууæджы ныхасмæ гæсгæ, евразиаг æдасдзинады архитектурæйы сарæзт у алкæмæй нысаниуæгджын фæндаг ядерон хæсты тупикæй рацæуынæн, кæцырдæм евроатлантикон элитæ здæхт у.
«Мах æвдисæн стæм Евразиаг макрорегионы историон райтынгæн. Абон дæр уый ифтонг кæны дунеон экономикон рæзты стыр хай. Растдæр Евразийы сты бирæполярон дунейы æппæты активондæр рæзгæ æнæныгуылæйнаг центртæ. Уыдоны иу кæны континентыл стабилондзинад æмæ кæрæдзийæн пайдайаг æмгуыстады иумæйаг интерес. Ныгуылæны бафæлвæрд Евразийы хаос æмæ æнæразыдзинад байтауын æрмæстдæр фидар кæны Уæрæсе æмæ йæ регионалон партнертæн фæтк æрфидар кæныны фæндвидардзинад», — загъта Сергей Нарышкин.