Сергей Лавров – хурныгуылæн Украинайы фарстайы масштаб специалонæй у карзгонд

Сергей Лавров – хурныгуылæн Украинайы фарстайы масштаб специалонæй у карзгонд

Уæрæсейы кад кæны Украинайы териотоион æнæхъæндзинад æмæ уыцы арæнтæн, кæцытæ Хъырымы арæзт референдум æмæ Хъырымы Уæрæсеимæ баиуы фæстæ сырæзт – уый фæдыл расидтис Уæрæсейы æттаг хъуыдтæгты министр Сергей Лавров, 2017-æм азы хаццæгон  пресс-конференцийыл.

Лавровы ныхасмæ гæсгæ, хурныгуылæн специалонæй Украинайы фарстайæн стыр роль дæтты æмæ æнæрастæй кæсы куыд Уæрæсеимæ быцæудзинады къуым.

Уæрæсейы фыццапг дипломаты ныыхасмæ гæсгæ, хурныгуылæн бæстæтæ, Киевы фарсылхæцыны нæ фæлæ Минскы бадзырды сыхæхстыл хъуамæ архаит. Цæмæй кризис æрбиноныг уа.