Сергей Лавров - АИШ æмæ НАТО-ы генералон нымæрдар Уæрæсейæн баныфсвæрдтой, цæмæй æдадсзинады гарантиты фæдыл Мæскуыйы æнхъарæныл дзуапп фысгæйæ ратдзысты
АИШ æмæ НАТО-ы генералон нымæрдар Уæрæсейæн баныфсвæрдтой, цæмæй æдадсзинады гарантиты фæдыл Мæскуыйы æнхъарæныл дзуапп фысгæйæ ратдзысты, – уый фæдыл Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министр Сергей Лавров райхъусын кодта.
Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты уагдоны дзырдæй, Мæскуы АИШ-ы æмæ НАТО-ы дзуаппмæ банхъæлмæ кæсдзæн æмæ фидæны къахдзæфтæ растдæр уый фæстæ сбæрæг кæндзæн.
«Америкæгтæ нын баныфсвæрдтой, цæмæй бацархайдзысты , фæлæ сын загътам, цæмæй хъæуы активон архайд, цæмæй фидæн къуырийы сæ æнхъарæн бавдисой. Столтенберг, НАТО-ы генералон нымæрдар цæгаталантикон альясны номæй рацыд æмæ загъта, цæмæй сæ реакци гæххæттыл сфиксир кæндзысты. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, уый æппæт уыдзæн иу къуыримæ, цæй фæстæ дæр хъахъхъæнынады министримæ иумæ фехъусын кæндзыстæм президентæн»,- банысан кодта Лавров.