Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ, АИШ-ы сенаты æддæ ахастыты комитеты байхъуыстыл, Гуырдзыстоны æрдæм æнæфæцудгæ æнцойдарынад равдыста. «Альянс фылдæр йæ фарс хъуамæ рахæца Украинæ æмæ Гуырдзыстонæн НАТО-йы уæнг суæвыны тырнындзинадæн. Æнæмæнгхъæугæ у, цæмæй НАТО-йы альянс, хæдиргъæфхъомады æдасдзинады сферæйы, ауæрæхдæр кæна Гуырдзыстон æмæ Украинæйæн æххуыс», – банысан кодтой байхъусыты рæстæджы.
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады хъусинагæй, АИШ-ы сенаты æддæ ахастыты комитеты знон ацыд байхъуыст темæйыл «НАТО-йы 70 азы сæр: Стратегион партнерад 21-æм æнусы». Байхъуыстмæ раныхасгæнджытæй хуынд уыдысты атлантикъон советы хистæр иртасаг Ян Брзежински æмæ АИШ-ы Германийы Маршалы Фонды президент Керин Донфрид.
Хъусыны рæстæджы, сенаты æддæ ахастыты комитеты сæрдар, сенатор Джим Риш («Республикаг» -Айдахойы штат) разныхасы бахахх кодта НАТО-йы нысаниуæг. Йæ фидиуæнæй, зæгъгæ НАТО сеппæтæй æнтыстджындæр æфсæддон-политикъон альянс у Дунейы, кæцы хъахъхъæны иумæйаг хæзнатæ æмæ принциптæ, сæ нымæцы демократийы, адæймаджы бартæ æмæ закъоны сæйрагдзинад. Сенатор Риш банысан кодта, цæмæй НАТО нæу æрмæст æфсæддон организаци æмæ бахахх кодта йæ политикъон æмæ экономикон нысаниуæг, кæцы экономикъон рæзынады æмæ инвестирдзинадæн стабилон æрдз æвзæрын кæны.
«Раздæры советон цæдисы бæстæтæ тырнынц, НАТО-йы уæнг суæвынмæ, æнæ æрмæст Уæрæсейæ хи баиргъæвыны тыххæй, фæлæ ма афтæдæр экономикъон рæзынады нысанæй. Уæрæсе ногæй ссис НАТО-йæн тæссаг. Кæд ма исты хуызы зæрдæхсайд ис уый фæдыл. Уæд уæ бон у Гуырдзыстон æмæ Украинæйы хицауадтимæ аныхас кæнат, абон Уæрæсейæ цæугæ тасы ас бамбарынæн», – райхъусын кодта Джим Риш.
Ян Брзежинскийы дзырдæй, НАТО-йы аргъ ноджы фылдæр райрæзтис абон, рæзгæ хуызы комплексон æмæ динамикъон æдасдзинады сферæйы.
«Ацы комитет æнæ иу хатт документиргондæй нын равдыста, Уæрæсейы реваншистон амбицитæй æмæ Китайы рæзгæ агрессивондзинадæй æфсæст уæлпаддзахадты æхсæн конкуренцийы æрыздæхт. Мæскуыйы, Украинæ æмæ Гуырдзыстонмæ лæбурд, йæ æфсæддон провокацитæ, марындзинæдтæ, æндæр бæстæты æвзæрстытæ хифæкæнд æмæ хæстифтонгады кантролы сферæйы æхсæнадæмон разыдзинæдты халын, сты дæнцы æрмæст иу хай, цæмæй цахæм тасы раз лæууы æхсæнадæмон барадыл бындурæвæрд сæрфад, кæцы глобалон сабырады, сæрибардзинады æмæ фарны авангарды лæууыд», – банысан кодта Брзежински.
Ян Брзежински НАТО -йы иуæй приоритетон ардæмадæй Гуырдзыстон æмæ Украинæйы НАТО-йы уæнгтæй райст схуыдта.
«Альянс фылдæр хъуамæ йæ фарс хæца Украина æмæ Гуырдзыстоны, НАТО-йы уæнгсуæвыны тырнандзинадæн. НАТО-йы ауæрæх кæнын Уазал Хæсты фæдылдзог периоды Европæйы сегасæй стыр æнтыст у. Централон Европæйы демократиты НАТО-йы уæнгсуæвын фæфидардæр кодта Европæйы сабырад æмæ æдасдзинад æмæ фæтыхджындæр кодта альянсы æфсæддон фæрæзтæ. Альянсы иуыл ног уæнгтæ, Европæйы сеппæтæй хъæддыхдæр трансатлантисттæ сты æмæ АИШ-ы уагъд операциты, сæ нымæцы Европæйæ æддæйæ, хайад райсыны сеппæтæй стыр фæндон æвдисынц. НАТО-йы рæнхъытæм фæстаг рæстæджы Монтенегройы райст æмæ ацы фæндагыл лæууæг Македонийы, организацимæ æнхъæлмæ кæсинаг интеграци, иууон Европæйы хъуыдыйы сæххæст æрдæм иттæгнысаниуæгджын къахдзæф у. Афтæма, альянс хъуамæ сбæлвырд кæна Украина æмæ Гуырдзыстоны НАТО-йы уæнг суæвыны бæрæг фæндаг, уый зæрдылдаргæйæ, цæмæй дыууæдæр бæстæйы хъæуы рæстæг æмбæлон политикъон æмæ æфсæддон домæнтæ сæххæст кæнынæн», – райхъусын кодта Брзежински.
Брзежински афтæдæр Гуырдзыстон æмæ Украинæйы денджызон, уæлдæфон æмæ сурзæххон фæрæзты фæтыхджыдæр кæныны нысаниуæгыл фæныхас кодта. Йæ ныхæстæм гæсгæ, «Æнæмæнгхъæугæ у ацы дыууæ бæстæйы интеграци АИШ-ы æмæ НАТО-йы æрдгæй Сау Денджызы регионы фæфидардæр кæныны процессы уæвæг днджызон, уæлдæфон æмæ сурзæххон тыхты инициативæты. Сæ территоритæ тынг пайдаджын сты дæлдон науты ныхмæ, уæлдæфы ныхмæ, бæрæгдзау æмæ æндæр операцитæн, цæмæй йæ ныхмæ слæууæм Уæрæсейы тыхархайдæн, цæхгæр æрыхгæнæм ацы денджызмæ бацæуæн, сбаланс кæнæм ХЪырымы оккупаци. Æнæмæнгхъæугæ у, цæмæй НАТО-йы альянс хæдиргæъфы æдасдзинады сферæйы ауæрæхдæр кæна Гуырдзыстон æмæ Украинæйæн æххуыс; баиу сæ кæна уæлдæфныхмæ системæтæм, афтæдæр денджызон ракетон æмæ æндæр фæрæзтæм, цæмæй фæтыхджындæр кæна, сæ хæдиргъæфхъомад».
Брзежинскийы дзырдæй, «Украинæ æмæ Гуырдзыстонмæ Мæскуыйы бырст у дырыс демонстраци, цæмæй альянсимæ ацы дыууæ бæстæйы ахастыты мигъджындзинад æрмæстдæр райрæзын кодта Уæрæсейы презденты Владимир Путины аппетит æмæ ранæуæг кодта йæ оппортунистон тырнынад, цæмæй ногæй сфидар кæна Мæскуыйы гегемоний территоритыл, кæцытæ Европæйы стратегион ландшафтыл, де факто æмæ дестабилизацигæнæг фæныкгъуыз зонæйæ фестад».
Сыхæгты æрдæм Уæрæсейы агрессивон политикъæйы фæдыл, сенаты æддæ ахастыты комитеты æмсæрдары, сентор Боб Менендесы («Демократ» – Нью-Йоркъ) лæвæрд фарсты дзуаппæн, Брзежински райхъусын кодта: «Уæрæсейы реваншизм æмæ агрессийы дзуаппæн ныгуылæны ахаст, фундаменталон рæдыд у. 15 азы рацыд 2008 азы Уæрæсейы Гуырдзыстонмæ лæбурды бонæй. Мах стратегий, дзуаппон архæйдты къахдзæф-къахдзæф рæзын кæныны ( инкриментализмы» стратегий у. Уæрæсе халы хæдбар, демокративон нациты суверенитет; скъæфы территоритæ æмæ нæ дзуапп та у сабырадон бадзырд».
Брзежинскийы æмбарынгæнæнмæ гæсгæ, Уæрæсейы агрессивон архæйдты дзуаппæн æнæмæнгхъæугæ у, ныгуылæн цæгат-централон Европæйы фæтыхджындæр кæна йæ уæвынад; райрæзын кæна Уæрæсейы ныхмæ санкцитæ, кæцытæ Уæрæсейы экономикон фæлæмæгъ кæныны нысанæй уагъд хъуамæ уа Уæрæсейы банкъон системæйы æрдæм; уымæй уæлдай ма, æнæмæнгхъæугæ у, Уæрæсейы ныхмæ сæххæст кæна бакуылымпы кæныны стратегий.