Сенатор Джим Риш – фауæм зноны æнæзаконон æвзæрстытæ оккупацигонд Цхинвалы регионы æмæ дарддæр кæнæм Гуырдзыстоны суверенитетæн фарсхæцын
Æхсæнадæмон дзыллæ фауы зноны æнæзаконон æвзæрстытæ Хуссар Ирыстоны – уый фæдыл сенатор АИШ-ы сенаты æддæ ахастыты комитеты сæрдар Джим Риш ныффыста «Твиттеры».
Сенаторы дзырдæй, згъгæ Украина нæу иунæг наци, кæцыйы ныппырх æм скуынæг кæнын архайдта Путин.
«Хуссар Ирыстон у Уæрæсейæ оккупацигонд Гуырдзыстоны дыууæ регионæй сæ иу. Æз æмæ æхсæнадæмон дзыллæ фауæм зноны æнæзаконон æвзæрстытæ Хуссар Ирыстоны æмæ дарддæр кæнæм Гуырдзыстоны суверенитетæн фарсхæцын» – фыссы сенатор.
Оккупацигонд Цхинвалы Регионы а.х. президентон æвзæрстыты лидер у Гаглойты Алан. Оккупацион режимы медиа фыссы, цææмй хъæлæсты 20% бахыгъды фæстæ, Гаглойты Аланмæ ис хъæлсты 58%, Бибылты Анатолимæ та 37%.