Сенатор Джим Риш æрсидтис политикон партиты лидертæм процесстæм бæрнон ахаст равдисынмæ
Дызæрдыг дæр нæ кæнын, гуырдзиаг адæм дзуапп æрдомдзысты лидертæй, кæд хъуыддаг нæ фæраст уа уæд, уый гуырдзиаг адæмы нæ фæлæ, хицауады æмæ партиты лидерты аххос уыдзæн, – уый фæдыл райхъусын кодта сенатор Джим Риш «Америкæйы хъæлæсимæ» интервьюйы.
«Америкæйы хъæлæс» сенаторы бафарста Гуырдзыстонæн Америкæйы æххуысы домæнты тыххæй, кæцыйы Сенаты хъусыны рæстæджы банысан кодта Риш, ууыл æнцойæ, аскуыддзаг уыдзæн æви нæ кризис. «Сымах ивгъуыды сидтыстут гуырдзиаг коллегæтæм, политиконæй мотивацигонд тæрхондоны кæнæ демократийы æндæр проблемæтæ алыг кæнынмæ. Фæлæ иуæй-иутæм гæнæн ис фæзына æнкъарæн, цæмæй уымæ Гуырдзыстоны хъус не рдардтой, уымæн æмæ нæ ауыдтам прогресс ацы фарсты. Цы инструменттæ уæм ис уый тыххæй, цæмæй æрвитæггаг Гуырдзыстоны сæ зæрдыл бадарой?» – баинтерес ис «Америкæйы хъæлæс».
«Фыццаг [æххуысы] бадзырдон скæнын, дыккаг та хуымæтæгæй æххуыс бауромын. Мах уый нæ фæнды. Мах фæнды, цæмæй Гуырдзыстон фенæм æнтыстджын бæстæйæ. Æнтыст уыдзæн, кæд алы ацы фарст алыг ууыдзæнис æмæ стæй ацæудзысты æвзæрстытæ, кæцыты фæстиуджытимæ адæм сразы уыдзысты.
Адæм ууыл ныхас куы райдайынц, уæлдайдæр та уыцы адæм, ацы æххуыс чи дæтты, уæд иннæ фарс уæвæг адæймæгтæ хъуамæ сбадой æмæ лæмбынæг сæ хъус бадарой. Сæрмагондæй та, æххуысгæнджытæ нæ хæлæрттæ куы сты, уæд. Æнæхъусдард у стыр рæдыд æмæ уый фæстиуæгæн фембылд уыдзæн æрмæст гуырдзиаг адæм. Дызæрдыг дæр нæ кæнын, гуырдзиаг адæм сæ лидертæй дзуапп æрдомдзысты. Кæд хъуыддаг раст нæ ацæуа, уый гуырдзиаг адæмы нæ фæлæ, хицауады æмæ партиты лидерты аххос уыдзæн», – арйхуъсын кодта сенатор Джим Риш.