Сексуалон тыхмидзинады превенцийы фарстайыл Ватиканы епископтæ æрымбырд уыдзысты
Сексуалон тыхмийы превенцийы фарстайыл Ватиканы епископтæ æрымбырд уыдзысты. Прецедент кæмæн нæй ахæм цыппарбонон фембæлд, цыппæрæмы 21 февралы райдайдзæн.
Епископтæ Ватиканмæ ныццæудзысты æппæт дунейæ.
«Мах ацы проблемæйы уидæгтæм хъуамæ ныххизæм æмæ сын равдисæм, цæмæй уый хъом стæм æмæ сæнæниз кæнæм аргъуан, кæцы ахуыргæнæнгы роль хъуамæ æххæст кæна, æндæр цауы та хуыздæр уыдзæн æндæр исты хъуыддагмæ æрывналæм», – райхъусын кодта фыд Федерико Ломбарди, кæцыйы Ромы Пап снысан кодта ацы фембæлды медиаторæй.
Фембæлды темæ «æнахъомты æмæ æнæхъахъхъæд æххæстаздзыдты æрдæм тыхмийы превенци» у.
Ахæлиугонд информацийæ, америкаг епископтæ фембæлдыл тыхмийы превенцийы фæдыл бакуыст протокол бавдисдзысты.
Ромы католикон аргъуаны сексуалон тыхмидзинадимæ баст скандал, фæстаг азты мидæг ноджы сцырын ис. Аргъуаны минæвæртты æрдгæй æнахъомтыл æмæ сылгоймæгты, сæ нымæцы моладзанты æрдæм сексуалон тыхмийы фактыты фæдыл хъусинæгтæ, фæстаг дæс азы дæргъы, периодгай хæлиу кодтой, фæлæ ацы афонмæ Ватикан уыдоныл æмбæлон реагирдзинад нæ равдыста.