Себастьян Молинэус – Дунейы Банкъ æнцой дары Гуырдзыстоны ауырады реформæйæн, кæцы уагъд у адæймагон кпиталы райрæзын кæныны æрдæм
Тынг райгонд стæм, нæ бон кæй у йæ фарс рахæцын Гуырдзыстоны хицауадæн йæ æнахуыр хæсисты, кæцы ахуырады системæйы инвестицитæ нывæрын дары йæ хъуыдыйы – уый фæдыл Хуссар Кавказы Дунейы Банкъы регионалон директор, Себастьян Молинэус экономикон конференцийыл «Гуырдызстон æмæ Дуне 2020»-ы рæстæджы райхъусын кодта.
Себастьян Молинэус куыд банысан кодта афтæмæй, фидæн куырийæ Дунейы Банкъы къорд æмæ Гуырдызстоны хицауад райдаынц проект.
«Кусæм прокектыл, «инноваци, инклюзивондзинад æмæ гъæд», кæцыйы нысан у скъола агъоммæ ахуырад рæувадат скæнын, ахуырады гъæд сбæрзонддæр кæнын æмæ ахуырæн хуыздæр аууæлттæ саразын. Проекты нысан у, аххæсса æппæт бæстæйы 116 минæй фылдæр ахуыргæнинагмæ» – райхъусын кодта Себастьян Молинэус.