Саули Ниинисто- нæкæсгæ уымæ, цæмæй нæ фыццаг хъусдард растæй фокусиргонд у Украинайыл, мах хахх к æнæм Гуырдзыстоны, Моловæйы æмæ ныгуылæн Балкантæн фарсхæцыны нысаниуæг
Нæкæсгæ уымæ, цæмæй нæ фыццаг хъусдард растæй фокусиргонд у Украинайыл, мах хахх к æнæм Гуырдзыстоны, Моловæйы æмæ ныгуылæн Балкантæн фарсхæцыны нысаниуæг – уый фæдыл Финляндийы президент, Саули Ниинисто Ркьявикы саммитыл райхъусчын кодта.
Уыимæ Ниинистойы дзырдæй, Финлянди разы у Евросоветы уæнгдзинадæн Косовойы размæцыды дарддæр къахдзæфтимæ.
«Уæрæсе дарддæр кæны агрессивон хæст Украинайы ныхмæ. Уый у фыццаджы дæр бырст Украинайы æмæ йæ цæрджыты ныхмæ æмæ афтæдæр у бырст фундаментон ахæзнатæм, кæцытыл бындурæвæрд у Евросовет. Сабырдзинад, æмгуыстад, адæймаджы бартæ, деомкрати æмæ закъоны сæйрагдзинад, мах хъуамæ бахъахъхъæнæм ацы хæсистытæ. Нæ фыарсхæцын Украинайæн уый йас фидар æмæ хъæддых у, раздæр куыд никуы уыдис. Зианы реестры бакусынæй, Евросовект сарызта нысаниуæгджын къахдзæф Уæрæсейы бæрн сифтонг кæныны æрдæм. Нæкæсгæ уымæ, цæмæй нæ фыццаг хъусдард ратсæй фокусиргонд у Украинайыл, мах хахх к æнæм Гуырдзыстоны, Моловæйы æмæ ныгуылæн Балкантæн фарсхæцыны нысаниуæг. Финлянди разы у Евросоветы уæнгдзинадæн Косовойы размæцыды дарддæр къахдзæфтимæ. Мультилатералон фæткæвæрдыл бындурæвæрд системæ быцæусидты раз куы лæууы, Евросовет нæ фарсхæцыны аккаг у» – райхъусын кодта Ниинисто.