Самебайы кафедралон аргъуаны литургийы рæстæджы къæлидор уыдзæн арæзт, цæмæй  æнæкъуылымпыйæ уа фадат Патриархæн кад скæнын  æмæ хæрзбон зæгъын 
Самебайы кафедралон аргъуаны литургийы рæстæджы къæлидор уыдзæн арæзт, цæмæй  æнæкъуылымпыйæ уа фадат Патриархæн кад скæнын  æмæ хæрзбон зæгъын 

Патриархийы æхсæнадимæ бастдзинады куысты сæрдар, Андрия Джагъмаидзейы расидæнмæ гæсгæ, уыцы æмбæстæгтæн, кæцытæн хъыггæнæн бонты Патриархæн хæрзбон зæгъын сæ бон нæ баци Самебайы кафедралон аргъуаны, абон дæр уыдзæн фадат, куыд дзуары куывды рæстæджы, афтæ дæр зианы рæстæджы.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, зианы церемонийы  рæстæджы,  арæзт æрцæудзысты  къæлидортæ.

«Бавæрды церемони сырæздзæн 15:00 сахатыл, æмæ уый размæ, хынцгæйæ, цæмæй ацы хъыггæнæн бонты Самебайы кафедралон аргъуанмæ бирæтæн нæ бантыст бацæуын, гæнæн уыд æмæ куывды рæстæджы  аргъуаны уыдзæн арæзт чысыл къæлидор, кæцыйы фæрцы  æмбæстæгтæн уыдзæн фадат   æнæрлæугæйæ бацæуын æмæ Патриархæн кад кæнын.

Церемонийы  рæстæджы æмбæстæгтæн фадат уыдзæн къæлидоры æддейæ рахиз æмæ галиуырдыгæй æрлæууын. Кортеж ацæудзæн Сионийы кафедралон аргъуаны ’рдæм уыцы фæндагыл æмæ алкæмæн йæ бон у Патриархимæ йæ фæстаг балцы фембæлын» -расидтис Джагъмаидзе Андрия.