Саломэ Зурбишвили – иумæ хъуамæ рацæуæм   фæндаг Европæйы æрдæм
Саломэ Зурбишвили – иумæ хъуамæ рацæуæм фæндаг Европæйы æрдæм

Иумæ  хъуамæ  рацæуæм  Европæмæ фæндаг, кæцы нæ нырма ацы азы кæронмæ баæндзæн æмæ стæй та бирæ  æндæр  этаптæ  уыдзæн.  Уый у æцæг,  сабырадон  фидæн, цыфæнды  чидæртæ   кæцыдæр фронтты   кой кæнæт,  кæцы зынæмбарæн у – уый  фæдыл   Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили  Европæйы  бонмæ  нывонд  мадзалыл дзырдæй ралæуды рæстæджы  райхъусын кодта.

Зурабишвилийы дзырдæй,   зæгъгæ Евроцæдисы уæнгдзинад кандидаты статусы  фæдыл   шанс  ауадзын  гæнæн нæй.

«АМ чи стут сымахæй бирæтæн си бинонты  уæнг Европæйы,   кæнæ уыдис Европæйы,  ахуыр кодта Европæйы кæнæ та йын уый ныфс ис, цææм уырдæм ахуырмæ ацæудзæн, кусдзæн Европæйы, фæлæ мæ  ныфс цъус æндæр у,  мæн ныфс ис, цææмй мах Европæ  ардæм æрбакæнæм, ам нын уа уый æппæт,  цæй  тыххæй дæр фæцæуæм   Европæмæ.  Ам хъуамæ уа  царды уыцы стандарттæ, уыцы  фæллойады  стандарттæ, уыцы   фарн  кæцыйы агурæм æндæр  ран.

Бирæ иумæйаг нын ис Европæимæ, фæлæ   уымæй къаддæр нæу  нæ бæстæ   æмæ  ардæм æрбакæнæм Европæгты.  Ам нын ис разæгъæн раст уыцы Сау денджызы, кæцыйы  хай стæм мах, кæцы   нырид абон æмæ  райсом уыдзæн   Гуырдзыстоны æмæ   Европæйы иугæнæг.   Уыцы Сау денджыщ  кæцы нæ иу  хицæн  кодтæ  æнæхъæн советон  периоды рæстæджы – уый  уыдис сис.  Абон та у  хид, кæцыйæн йæ бон у тынг бирæ цыдæр æрхæсса æнæрмæст Гуырдзыстонæн, фæлæ ма Европæйæн тынг бирæ ратдзæн.  Дзæбæх æмбарынц, цæмæй  нæ стратегион  бынат, нæ фидæнон зиллак,кæд  нæ бон бауыдзæн кæм хъæуы уым уæм, уæд  иттæг  нысаниуæгджын  уыдзæн  йæхæдæг европæйæн  æмæ Европа та у сабырдзинад.  Уый у историйы  бæстæты иунæг  ахæм иугонд, кæцы ацы бæстæтæн  бавæрдта сæ идентондзинад  æнæхъæнæй æмæ  ис  сабырдзинад.  Нæ сабырадон,  сæроибар фидæн ис  семæ иумæ, фæлæ  нæ идентондзинадæй, нæ  хæзантæй  æмæ  нæ  рæзынадæй,  кæцы сегасдæр сæйраг у.

Абон у  9 май, цæвиттон   цаæрдæр быцæудзырдау ис  8 æмæ  9 майы æхсæн,  фæлæ  чи куыд  æнхъæлы ома чи  басаста нацизмы  уымæ гæсгæ.  Уый у иу, тоталитаризмы  саст у растдæр Европæ.  Тоталитаризмы  саст у   растдæр  сæрибардзинад æмæ   цалынмæ фæстаг  тоталитаризм  саст нæ баййафдзæн,  цалынмæ  оккупацигонд терирторитæ иууылдæр нæ  ссæрибар уыдзысты, уæдмæ кæронбæттæн  уæлахиздзинад нæ уыдзæн. Ацы  уæлахиздзинады  фæндагыл , мах стæм фæндаг нæ  оккупацигонд  территоритæн, нæ абхазаг æмæ ирон  цæрджытæн, мах стæм фæндаг Европæмæ, мах стæм  фæндаг сабырдзинадмæ, мах стæм фæндаг  сæрибардзинадмæ. Æмæ  ацы сæрибардзинад, ацы европагдзинад  ам Гуырдзыстон куыд уа сымах  алкæмæн уыцы  уын   арфæтæ  зæгъы мæ зæрдæ.  Нал уæ бахъæудзæн искуыдæм цæуынц» –  райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.

Европæйы боны фæдыл Атонелийы  уынгыл президенты инициативæйæ   цæуы концерт  «Европæйæн».