Саломэ Зурабившили - Брюсселмæ визит уый йас позитивон уыд, кæцыйы æнхъæл, мæхæдæг дæр нæ уыдтæн
Брюсселмæ визит уый йас позитивон уыд, кæцыйы æнхъæл дæр нæ уыдтæн – ахæм аргъ дæтты Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Брюссельмæ визитæн.
Зурабишвили куыд банысан кодта афтæмæй, евроцæдисы мидæг ис цæттæдзинад цæмæй тынг бирæ æрдгæй фæарфдæр уа ахастытæ, арызт æрцæуа конкретон къахдзæфтæ.
«Ай уыдис бынтон æнахуыр позитивон визит. Ахæм позитивон цæй æнхъæл дæр нæ уыдтæн. Фембæлдыстæм Евроцæдисы алкæйимæ. Алчи уыд иттæг позитивон Гуырдзыстоны æрдæм. Ис хæларзæрдæ ахаст æмæ ис цæттæдзинад, цæмæй тынгбирæ æрдæм фæарфдæр кæнæм ахастытæ, саразæм конкретон къахдзæфтæ» – банысан кодта Зурабишвили.
Уымæй дарддæр ма, Гуырдзыстоны президенты дзырдæй, НАТО-ы дæр ис позитивон ахаст Гуырдзыстонмæ.
«НАТО-ы дæр ахæм позитивон ахаст уыд æмæ хъуыстам ахæм ныхæстæ, æнахуыр, де факто æмцæдисон æмæ а.д. Уымæн аргъ скæнын хъæуы. НАТО-ы дæр сæм ис цæттæдзинад цæмæй фылдæр æмкуыстдзинад уа дæнцæн Сау Денджызыл æмæ æндæр æмæ æндæр ардæмадæй, кæцы нæ бæстæйы æдасдзинадæн тынг нысаниуæгджын у.
Алцыппæт уымæн анализ хъуамæ саразæм æмæ адарддæр кæнæм нæ фæндаг, кæцы фæндагыл нæм нæ фарсхæцджытæ æнхъæлмæ кæсынц. Иттæг позитивон визит у. Уый ме нтыст нæу уымæн æмæ хицауадмæ иу мæйы размæ æрбацыдтæн. Уый у позитивон Гуырдзыстонæн, йæ цæрджытæн æмæ хъуамæ бамбарæм, цæмæй нын ам ис тынг серьозон æмцæдисонтæ» – райхъусын кодта Саломэ Зурабившили.