Саломэ Зурабишвилийы  фæдзырд украинаг адæммæ
Саломэ Зурабишвилийы фæдзырд украинаг адæммæ

Зонæм,  цæмæй  сымах  тох кæнут  уæ сæрибардзинады тыххæй,  уæ хæдбарады  тыххæй, æмæ  афтæдæр  нæ   сæрибардзинад æмæ хæдбарады  тыххæй, нæ иумæйаг европаг  фæндаджы тыххæй, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили    видеосидты рæстæджы райхъусын кодта.

Саломэ Зурабишвили  украинаг  адæммæ  баздæхт æмæ банысан кодта, цæмæй  гуырдзиаг  адæм  сæ фарс хæцы  украинаг  адæмæн  æмæ сæ  фарсмæ  сты Уæрæсейы  агрессийы ныхмæ  тохы.

«Гуырдзыстоны  цæрджыты, Гуырдзыстоны  паддзахады номæй, мæ фæнды баздæхын  нæ хæлæрттæм, Украинайы  æмбæстæгтæм.  Уыдонмæ  чидæридæрр  тох кæнынц  горæтты, чидæриддæр йæ ныхмæ  слæууыд    знагæн Мариуполы, Киевы, Харьковы, Одессæйы.  Фæнды мæ  мæ ныхас  фæхæццæ кæнын украинаг лигъдæттæм, кæцытæ сты сыхаг паддзахадты  æмæ   иуæй-иутæ та  – Гуырдзыстоны. Фæнды  мæ зæгъын уын,  цæмæй  мах,  гуырдзыйæгтæ  уæ фарс хæцæм,  уæ фарсмæ стæм Уæрæсейы агрессийы ныхмæ  ацы тохы.  Зонæм,  цы нысан кæны уый æмæ  куыд æндиуд стут    ацы ныхмæлæууды,  бырстæй  иу мæйы  дæргъы. Раст  29 бон у  æмæ ай у 29 уæлахиздзинад, кæцы  уын ис  Уæрæсейы  ныхмæ хæсты, кæцыйы алчи нымадта  супер-тыхæй», –  банысан кодта Саломэ Зурабишвили.

Йæ дзырдæй, Уæрæсе  нæу  афтæ тыхджын, цæмæй  басæтта Украина,   йæхæдæг куыд æнхъæлдта,  уыцы  æмгъуыдтæм.

«Мæ зæрдæ уын зæгъы æнтыстытæ, уæлахиздзинад, нæсæттондзинад, уымæн æмæ зонæм куыд уæ хæлæрттæ, сымах  хæцут уæ сæрибардзинады, уæ хæдбарады тыххæй æмæ   афтæдæр  мах  сæрибардзинады  æмæ  мах хæдбарады тыххæй, нæ иумæйаг европаг  фæндаджы тыххæй. Бузныг  дын Украина. Æнусы Кад Украинайæн», –  райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.