Саломэ Зурабишвили - Звиад Гамсахурдиайы уагъд референдум уыцы хотых у, кæцыйыл нæ фæтых ис уырыссаг оккупаци æмæ нæдæр фæтых уыдзæн
Звиад Гамсахурдиайы уагъд референдум уыцы хотых у, кæцыйыл нæ фæтых ис уырыссаг оккупаци æмæ нæдæр фæтых уыдзæн – уый фæдыл Гуырдзыстоны перзидент, Саломэ Зурабишвили, йæ басидты рæстæджы загъта, кæцыйы Гуырдзыстоны фыццаг президенты, Звиад Гамсахурдиайы юбилейон датæмæ гæсгæ ахæлиу кодта.
«Абоны бон нæ историйæн нысаниуæгджын у, абон Гуырдзыстоны президенты – Звиад Гамсахурдиайы 80 азы юбилейы у. Сæрмагондæй мæ фæнды куыд Гуырдзыстоны фæндзæм президенты афтæ, ацы бон раарфæ кæнын йæ бинонтæн æмæ æнæхъæнæй дзыллæйæн.
Ацы бон 1991 азы 31 марты уагъд æрцыд референдум æмæ ацы бон куыд сегасæй нысаниуæгджын датæ, нæ бæстæйы историмæ хаст æрцыд. Референдумы идея дæр, инициативæ æмæ организаци дæр растдæр дæр Звиад Гамсахурдиайы инциргонд сты. ЙÆ историон ныфсджын къахдзæф фæндаг байгом кодта Гуырдзыстоны нырыккон паддзахады арæзтадæн.
Бирæ æнусон паддзахадон истори кæмæн ис уыцы нацийæн ацы бон иуæй-иу сегасæй фæсæттæн датæ у – Гуырдзыстоны фыццаг президенты нысангонд референдум 1921 азы Уæрæсейы æфсæдды æрдгæй бæстæйæн байцсгæ хæдбардзинад, ногæй сæндидзын кодт.
Уый тыххæй фыццаг президентмæ æмбæлы йæ бæстæйы, дзыллæйы цыт æмæ арфæ.
Абон уырыссаг оккупацийы ныхмæ тохы,растдæр референдумыл бындурæвæрд паддзахаддзинад у нæ сæйраг хотых. Ацы референдумы стыр тых уый мидæг ис æмæ уый уагъд æрцыд Гуырдзыстоны æппæт территорийыл – Ацыд Самачаблойы, Абхазы. Ацы референдумы фæстæ лæууыд æппæт гуырдзыстоны. Ацы референдумыл æнцойæ лæууы абон нæ хæдбардзинад, суверенитет, территориторион æнæхъæндзинад.
Ацы бон у датæ, кæцыйыл уырыссаг оккупаци нæ фæтых ис æмæ нæдæр фæтых уыдзæн» – хъусын кæны Саломэ Зурабишвили.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы бон зæгъгæ, референдумæйы абоны онг цы фæндаг рацыдыстыæм уымæй нын бæрæг у, цæмæй цас æнæмæнгхъæугæ у æхсæнады разыдзинады нæ фидæн æмæ размæцыдæн.
«Мах цы уавæры стæм, ахæмы уæвæг паддзахадæн, политикъон хъуыдыты хъауджыдæрдзинад æмæ плюрализмимæ иумæ, цæрынæн æнæмæнгхъæугæ нысаниуæг ис, фидыд æмæ нацийы æмуддзинадæн.
Уырны мæ, цæмæй бафидауын, кæрæдзийæн цыт кæнын, бæрзонд æмбæстагон бæрн сты иунæг раст фæндаг, кæцыйы руаджы бахъахъхъæндзыстæм 1991 азы референдумæй цы æнтыст райстам уый» – хъусын кæны Саломэ Зурабишвили.