Саломэ Зурабишвили уыдис «Ингургэсыл»
Саломэ Зурабишвили уыдис «Ингургэсыл»

Гуырдзыстоны  президент абон, Самегрелойы «Ингургэсы» аркæджын  донмарæн сбæрæг кодта, кæцы  Европæйы Индустрион  бындарады  маршруттæм  у хаст.

Саломэ Зурабишвили  куыд райхъусын кодта афтæмæй, «иНгургэсæн» Гуырдзыстоны  экономикæйæн  егъау нысаниуæг ис.

«Ныр райдыдта «Ингургэсы» куыд индустрион-туристон   ункты ногæй рацарзæт, кæцыйы ацы  аз федтой  20 000 турист.  Сванеты фæндагыл ацы  æнахуыр бынат, вæццæгæн  иуæй-иу  нысаниуæгджын  туристон пункт суыдзæн. «Ингургэс» нæ бæстæйæ   иттæг нысаниуæгджын у, æнæрмæст куыд амаддзаг æмæ  донмарæн, фæлæ ма  уый  реалонæй у  нæ æцæг хид  Абхазимæ,  уымæн æмæ  иумæйагæй кусын кæнæм  абхазæгтимæ æмæ æвæццæгæн  иунæг ахæм  иуæймаг экономикон куыст у. Уый  у  абон ма нæ цы иу кæны  æмæ кæцыйæн  стыр фидæн ис ахæм.  Иурæстæгонæй «Ингургэс» Гуырдзыстоны  экономикæйæн  иттæг нысаниуæгджын  у, нæ  энергопродукцийы 40%  ардгæй  цæуы, кæцы уый ныман кæны, цæмæй  Гуырдзыстоны  энгергохæдбарад  комкоммæ  баст у «Ингургэсимæ» æмæ æндæр гэс-ты  арæзтадимæ.  Ууыл хъуамæ  хъуыды кæнæм, хуымæтæджы æмæ уæлæгай ныхас куы кæнæм, цæмæй   гэстæ  æрдзæн знаггад кæнынц уæд.  Æркæсæм ардыгон æрдзмæ,  куыд  хъæздыг у, куыд бонджын у «Ингургэсы»  потенциал,  куыд æхъуы  Гуырдзыстоны  ацы потенциал  æмæ куыд æнæмæнгхæъугæ у  ацы  хид мах æмæ абхазæгты  фидæны иумæ уæвынæн» –  райхъусын кодта  Саломэ Зурабишвили.

«Ингургэсы» уникалон аркæджын  ауæзт  Дунейы  фæндзæм  бынатыл ис  аркæджын  донмарæнты æхсæн  æмæ æхсæзæм бынатыл  æмтгæй  зæгъгæйæ донмарæнты æхсæн, хицæн дзы кæны  йæ  бонджын   инфраструктурæйæ.

«Ингургэсы» донмарæны туристон  маршрут  дыууæ сахат аххæссы  æмæ визитортæн ис фадат,  цæст ахæссынн   донмарæны хидыл, дискъгъуыз  уартты бæстыхайыл, тунел фенын,   донауромæг уартты  хайад фенын æмæ æндæр цымидисон  бынæттæ. Ацытæккæ  проект «Ингургэсы аркæджын   ауæзт  Дунейы æмвæзады аттракци»  æххæст кæнынц, энергетикæйы райрæзты фонд  æмæ йæ дæлбар копмани «Ингури Атракци».